Гиорги Мсхиладзе – Мæнг у, цæвиттон президент вето мотивиргонд фиппаинæгтæй цухæй аздæхта параментмæ, вето у мотивиргонд, уым ис радзырд конституцийы цыппар статийы тыххæй, кцыты халы ацы закъон
Президенты парламентон нымæрдары Гиорги Мсхиладзейы фидиуæнæй, «парламентон фылдæрты æрдгæй ис архайд, æхсæнады рæдыды бафтауын, цæвиттон Гуырдзыстоны президент вето, кæцыйы 18 майы сæвæрдта уырыссаг закъоныл, мотивацигонд фиппаинæгтæй цухæй аздæхта парламентæн».
«Уый у гæдыдзинад æмæ æхсæнады рæдыды бафтауын. Президенты вето у мотивацигонд, уым ис радзырд конституцийы цыппар статийы тыххæй, кæцы хæлд цæуынц ацы закъонæй. Ис æмбарынгæнæн, цæмæн у фæнысангонд закъон уырыссаг. Хаст у йæ райсты мотиваци, цы формæйæ хъуамæ уа ацы закъон ист, цæмæн у махæн нæрайсгæ æмæ æнæруадзгæ. Закъонмæ иу хъуыдиад бафтауыны тыххæй куы зæгъæм, ома закъон скусæд иу боны æмгуыдæй, уый у хуымæтæг юридикъон техникæ, кæцы хъæуы, цæмæй закъон уа ивд. Закъон куы не скуса, уымæ æмбæлгæйæ дæр нæ уыдзæн гæнæн йæ аивын. Йæхæдæг вето публикацигонд уыдзæн президенты веб-фарсыл æмæ «Фейсбукы» официалон фарсыл», – банысан кодта Гиорги Мсхиладзе.