Гиорги Мсхиладзе - «Картули Оцнебайæн» раттам ноджы иу шанс, закъон аивдтаит, аргументтæм хъусын сæ нæ фæндыд, хъуыдис сæ, цæмæй статиты кæсын райдыдтаиккам, закхон сæрæй-кæронмæ нæрайсгæ у
Президенты парламентон нымæрдар ГИорги Мсхиладзейы фидиуæнæй, «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъон къуылымпыгæнæг у евроинтеграцийы фæндагыл æмæ æ ныхмæ у Гуырдзыстоны конституцийæн.
Йæ дзырдæй зæгъгæ президент бафтыдта иу стати æмæ бацамыдта, цæмæй фæнысангонд закъон аивын хъæуы. Гиорги Мсхиладзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ юридикъон фарстаты комитеты рабадтыл фылдæрт минæвæртты нæ фæндыд аргументтæм хъусын æмæ статигай кæсын домттой.
«Ацы закъон уыд дæс статийæ æмæ 11-æм йæм бафтыдта президент, ома фæнысангонд закъон 10-æм статий зхынцгæйæ аивын хъæуы, уымæн æмæ закъон йæ ныхмæ Гуырдзыстоны евроинтеграцийæн. Уый дзурынц æнæиу æхсæнадæмон авторитетон организацийы, куыд Венецийы КОмисси, афтæ OSCE/ODIHR, нæ æхсæнадæмон партнертæ, бæстæйæн евроинтеграцийы фæндагыл куылымпыгæнæг у. ацы аргументтæм хъусын сæ нæ фæндыд, нæ уыдис æгъгъæд юридикон комитетæн, хъуыдис сæ статигай-мидисон хаймæ бахизын ацы закъоны куы фæныхас кодтаиккам. Закъон фыццагæй дæсæм стати хынцгæйæ аивын хъæуы. Растдæр уый тыххæй бафтыдта президент 11-æм стати, ома фæнысангондзакъон зæгъгæ фæкусæд иу бон æрмæст.
Фæнысангонд закъон йæ ныхмæ у, куыд Гуырдзыстоны конституцийæн, афтæ райсты уаг у махæн нæрайсгæ, OSCE/ODIHR-ы хатдзæг, ВЕнецийы КОмиссйы хатдзæг комкоммæ амоны, цæмæй фæнысангонд закъон аивын хъæуы. Уый дзуры президенты вето дæр, цææмй фæнысангонд закъон, сæрæй кæронмæ нæрайсгæ у, къуылымпыгæнæг у евроинтеграцийы фæндагыл æмæ йæ аивын у æнæмæнгхъæугæ. Уымæ гæсгæ дæр «Картули ОЦнебайæн» раттам ноджы иу шанс, цæмæй закъон аивдтаит» – райхъусын кодта Мсхиладзе.
Гиорги Мсхиладзейы æмбарынгæнæмæ гæсгæйæ, сегасдæр хъыгаг уый у, цæмæй фæнысангонд закъоны райстæй зиан кæны бæстæ æмæ йын йæ паддзахаддзинадæн æвзæры азар.
«Уый тынг стыр азары раз лæууын кæны нæ бæстæйы. Махæн санкцитæ гæнæн ис уæ зæрдæмæ цæуа кæнæ та ма уа æхсызгон, ууыл нæ цæуы дзырд. Ам ныхас цæуы бæстæйыл, æндæр чи интерес кæнынц гоймæгтæ, кæмæн цы санкцитæ сæвæрдзысты æмæ кæмæн цы суммæ байсдзысты. Бæстæйæн æвзæрынц проблемæтæ Евроинтеграцийы фæндагыл» – райхъусын кодта Гиорги Мсхиладзе.
Парламенты юридикъон фарстаты комитет, «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоныл ветойы сæрты ахизынимæ сразы ис.