Гиорги Маргвелашвили æмæ Жан-Кълод Юнкер, Евроцæдис-Гуырдзыстоны æмкуысткæнынады ног, бæрзонддæр æмвæзады форматыл æруынафæ кодтой
Евроцæдис æмæ Гуырдзыстон хизынц æмкуыстдзинады ног , бæрзонддæр æмвæзады форматмæ – бадзырд Гиорги Маргвелашвилийы æмæ Жан-Кълод Юнкеры æхсæн сырæзт.
Фыццаг Къаналæн президенты администрацийы пресс-куыстæй куыд фехъусын кодтой афтæмæй, Гиорги Маргвелашвили æмæ Еврокамисы президентЖан Кълод Юнкер, Евроцæдис-Гуырдзыстоны дыууæфарсон æмкуысткæнынады ног, бæрзонддæр æмвæзады форматыл æруынафæ кодтой.
Фæрстæ ныридæгæн райдайынц кусын ног форматы саразыныл. Ахастыты ног этап фадыггай æмкуыстдзинады бæрзонддæр форматы бакусын дары йæ хъуыдыйы.
Гуырдзыстоны президенты администрацийы хъусинагæй, фæрстæ банысан кодтой, Еврокамисы æмæ Гуырдзыстоны хицауады æхсæн æндæр æмæ æндæр сферæты мкуыстдзинад активон æмæ позитивон кæй у æмæ ивгъуыд афæдз динамикон прогрессæй кæй хицæн кодта уый. Гуырдзыстоны президентимæ бадзырдты фæстæ, Жан-Кълод Юнкер Гуырдзыстоны делегациимæ ауæрæхгонд скондæй фембæлд.
Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд оккупацион режимы фæстаг рæстæгон агрессивон архæйдтыты, фæрстæ мæстыдзинад радыстой оккупацигонд Цхинвалы Гуырдзыстоны æмбæстагы трагикон мæлæты æмæ дыууæ æмбæстагы ахсы тыххæй.
Ныхас баххæссыд Гуырдзыстоны куыд «Скæсæн партнерады» раздзог бæстæйы æнтытыстæм, афтæдæр дыууæфарсон æмгуыстдаы бовæткмæ. Фембæлдыл банысан ис инститцион , демокративон реформæты адарддæр кæныны æмæ секторалон æмгуыстады фæарфдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.
Фæрстæ визалиберализацийы процессыл дæр фæныхас кодтой. Гуырдзыстоны президенты фидиуæнæй, Гуырдзыстоны хицауад цæттæдзинад æвдисы, партнертимæ иумæ авæра цыфæнды хъæугæ къахдзæфтæ æнæвиз змæлды процессы зындзинæдтæй хиаиуварс кæныны тыххæй.
Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили еврокамисы президент Жан-Кълод Юнкеры 26 майы фыццаг гуырдзиаг Республикæйы 100 азы сæр банысан кæнынмæ Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.