Гиорги Квирикашвили - Уæрæсейы дзуаппы мидæг гæнæн ис бирæ цыдæр ма уа райсинаг, фæлæ нын ацы дзуапп диалогы тыгъдад дæтты
Уæрæсейы дзуаппы мидæг гæнæн ис бирæ цыдæр ма уа райсинаг, фæлæ ацы дзуапп нын дæтты тыгъдад диалогæн- уый тыххæй, премьер-министр Гиорги Квирикашвили хицауады абоны рабдтыл загъта.
Премьеры фидиуæнæй алцыппæт хъуамæ сырæза уый тыххæй, цæмæй ахæм тыгъдад фæзына, æмæ ацы змæст дунейы кæд бæстæйы абон исты хъæуы, ай у стабилон царды фадат.
«Фæнды мæ æнæмæнгæй банысан кæнон уыцы дзуаппы тыххæй, кæцыйы Уæрæсейы Федерацийæ райстам. Цæй зæгъын æй хъæуы, гæнæн ис бирæ цыдæр нæу райсинаг фæлæ иу цыдæр æнæмæнгæй хъуамæ зæгъæм – ацы дзуапп нын дæтты диалогы фадат.
Алцыппæт хъуамæ бакæнæм уый тыххæй, цæмæй ахæм тыгъдад сæвзæра. Ис Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы формат æмæ ацы форматы саразæм уыцы къахдзæфтæ, кæцытæ нын чысыл прогресс уæддæр ратдзысты.
Ацы чысыл прогресс у Гуырдзыстоны стабилондзинады гуырæн æмæ ацы хæццæ дунейы ма кæд исты хъæуы нæ бæстæйæн, ай у стабилон царды фадат.
Нæхимæ ныфс дарæм, цæмæй нæ цæрджыты фылдæр, абсолютонæй рæстмæ аргъ кæнынц цы цæуы нæ бæстæйы уымæн» – расидтис Гиорги Квирикашвили.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад, премьер-министр ГиоргиКвирикашвилийы 9 марты сидтæн дзуапп ратта 12 марты. Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, Мæскуыйы премьер Квирикашвилийы фидиуæнимæ лæмбынæг æрзонгæ сты æмæ райгонд сты, сидты равдыст ахастæй.