Гиорги Квирикашвили - Патриархы æмæ аргъуаны разамындæй, хъуамæ рацагурæм бæстæйы фервæзын кæныны фæндаг
Аргъуаны æмæ патриархы æххуысæй алчи дæр хъуамæ бацархайæм рацагурæм раст фæндаг, кæцы нæ бæстæ фервæзын кæндзæн – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили загъта Патриархийы уагъд мадзалыл.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахуырады системæ дзыллæйæ хицæнæй никуы уыдзæн æмæ фыццаджы дæр хъæуы дзыллæйы æмбаргæдзинадыл сагъæс кæнын.
«Лæмбынæгæй æрзонгæ стæм Патриархийы фидиуæнимæ зындгонд фæзындты фæдыл æмæ æнæхъæнæй разы стæм ацы позициимæ. Ахуырады системæ нæ уыдзæн дзыллæйæ хицæнæй æмæ цæй зæгъын æй хъæуы фыццаджы дæр сагъæс хъуамæ кæнæм дзыллæйы æмбаргæдзинадыл. Абон хъыгагæн нæ дзыллæй уый фæдыл уынаффæ дæр нæ кæнынц, уымæн æмæ уынаффæйы кудльтурæ дæр у уый, цæй сæндидзын кæнын хæсджын стæм алчидæр. Вазыгджын процесс у, фæлæ мах, алчидæр хъуамæ бахъом уæм иумæ, аргъуаны бастдзинады æмæ Патриархы къухдариуæгæй, рацагурæм уыцы раст фæндаг, кæцы нæ бæстæйы фервæзын кæндзæн. Ацы фæндагы бирæ агурын нæ хъæуы» – расидтис Гиорги Квирикашивли.