Гиорги Квирикашвили - паддзахад ауды цæмæй гуырдзиаг диаспорæ бахъахъæна мадæлон æвзаг æмæ националон хæдбындурдзинад
Зноны бон ноджы иу хатт равдыста Гуырдзыстоны Европаг, демокративон традициты æмæ хæзнаты нысаниуæг æппæт дунейы масштабæй – уый тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили райхъусын кодта Диаспорæйы бонмæ гæсгæ форумыл – «Фидар Диаспорæ иууон Гуырдзыстонæн».
«Ноджы уын иу хатт арфæ кæнын зноны бон. Сæрмагондæй арфæ кæнын Фыццаг демокративон Республикæйы бындурæвæрджыты байзæддæгтæн, кæцытæ ам сты. Мах стыр кад у æмæ тынг райгонд стæм, знон иумæ кæй сбæрæгбон кодтам ахæм нысаниуæгджын датæ – Фыццаг Демокративон Республикæйы 100 азы юбилей» – загхта Гиорги Квирикашвили.
Премьер-министры фидиуæнæй, нырыккон дунейы зæгъгæ рæзы диаспорæты роль сæрмагонд бæстæты тынгады хъуыддаджы.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад зæгъгæ, алы амæлттæй архайы къуындæг контакт скæна Гуырдзыстонæй æндæр æмæ æндæр рæстæджы, æндæр æм æндæр аххосæй ацæугæ, æппæт дунейы цæрæг æмбæстонтимæ æмæ сын æххуыс кæны, активонæй баст уой Гуырдзыстоны цæугæ процессты.
Гиорги Квирикашвили куыд банысан кодта, афтæмæй паддзахад зæгъгæ ауды цæмæй гуырдзиаг диаспорæ бахъахъæна мадæлон æвзаг æмæ националон хæдбындурдзинад.
Афтæма, Гиорги Квирикашвилийы дзырдæй, 16 бæстæйы цæуы æххæст æвзонг минæвæртты программæ, кæцыйы баст сты фæсарæнты цæрæг æхсæнадæонæй активон гуырдзиаг æвзонгтæ.
Премьер-министры информацийæ, ацы аз сæххæст уыдзæн диаспорæйы фарстытыл зонадон куыстæн æххуысы проект, кæцыйæн йæ нысан у диаспорæимæ баст квалифициргонд информацийы бæрц фæфылдæр кæнын æмæ уæвæг проблемæты аскуыддзагы инновацион амæлтты æрфидар кæнын.
«Афтæдæр фæсарæнты архайæг диаспорон организациты куысты эффективондзинады нлджы сбæрзонддæр кæнынæн кусæм диаспорон организациты фткдæттыны ног программæйыл.
Ай æмæ ноджы бирæ проекттæ, кæцыты сæххæст кæнынæн фæсарæн хъуыддæгты министрад бирæ цымидисон къахдзæфтæ аразы, уырнæг дæн ахъаз уыдзысты гуырдзиаг диаспорæйы стыхджындæр кæнынæн, кæцы æцæгæй дæр иттæг нысаниуæгджын у, уымæн æмæ диаспорæйы алкæцы минæвары æнтыст уызæн нæ бæстæйы æнтыст.
Абон ацы æмбырд нын дæтты хорз фадат, цæмæй иумæ фæтæрхон кæнæм нæ диаспорæйы раз уæвæг сидтытыл æмæ иумæ рацагурæм сæ аскуыддзагы фæндæгтæ. Ныфс нæ ис, цæмæй ахастытæ кæцы паддзахады æмæ гуырдзиаг диаспорæйы æхсæн æрфидар сты, банкъаринаг фæстиуæг æрхæсдзæн нæ фыдыбæстæ – Гуырдзыстонæн æмæ цæй зæгъын æй хъæуы, сымахæн алкæмæн дæр, уымæн æмæ алы æнтыстджын гуырдзиаг, Гуырдзыстонæн æцæгдæр у иттæг нысаниуæгджын. Нджы уын иу хатт арфæ кæнын 100 азы юбилей æмæ уын ракувдзынæн стыр æнтыстытæ» райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили.
Тбилисы, фæсарæн хъуыддæгты министрады организацигондæй уагъд цæуы гуырдзиаг диаспорæйы форум «Фидар Диаспорæ иууон Гуырдзыстонæн» кæцы, нывонд у, Гуырдзыстоны Фыццаг Демокративон Республикæйы бындурæвæрды 100 азы юбилеймæ.