Гиорги Квирикашвили -  Ис нын  уый  зæгъæн, цæмæй  æввахсдæр фидæн нæ  бон бауыдзæн не мбæстоны  куыд æмбæлы афтæ бавæрæм
Гиорги Квирикашвили - Ис нын уый зæгъæн, цæмæй æввахсдæр фидæн нæ бон бауыдзæн не мбæстоны куыд æмбæлы афтæ бавæрæм

Фæстаг рæстæджы æмæ сахатты  лæвæрд информацийыл æнцойæ нын ис  уый зæгъæн, цæмæй нæ  тыхархайдтæ  æрхæсдзысты фæстиуæг  æмæ æввахс  рæстæджы   нæ бон бауыдзæн  не мбæстоны  куыд æмбæлы  афтæ   кадæй йæ баныгæнæм – уый  тыххæй  дзырдæуы   Гуырдзыстоны премьер-министры фидиуæны, кæцыйы Гиори Квирикашвили  публикаци  скодта сæрагонд  фарсыл Facebook.

 

Йæ фидиуæны мидæг Гиорги  Квирикашвили банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны  цæрджытæ зæгъгæ абсолютонæй  раст мæсты сты   Арчил Татунашвилийы трагиконæй мæлæтæй  Цхинвалы.

«Гуырдзыстоны  хицауад  аразы  алцыппæт  уый тыххæй, цæмæй  буар цыбырдæр æмгъуыдты лæвæрд æрцæуа   бинонтæм.  Нæ алы  æмгар, æппæт  æхæсæнадæмон дзыллæ  сты  нæ  фарсмæ ацы  процессы. Фæнысангонд хъуыддаджы  иттæг ахсджиаг  у  аргъуаны   æмæ Патриархы  роль.

Ныр æрлæууы  афон,  кæцы рæстæджы дæр æнæ кæсгæ   рæстмæ  эмоцитæм,   нæхимæ  хъуамæ  ссарæм  уый  тых,  цæмæй ацы æнамонддзинад  нæ  ноджы иу хатт  ма  баласа  фаталон  фæзындтæм,  кæцыты æхсæн уыдыстæм 90  азтæй райдайгæ.

Ерын æрлæууыд афон, кæцы рæстæджы дæр  хъуамæ  нæхи сфидар кæнæм,  нæ  марды, куыд æмбæлы афтæ  бавæрæм.  Уый фæстæ  та  мах  фæстæмæ хъуамæ  адарддæр кæнæм   нæ паддзахады æнæфæзылгæ  арæзтады процесс,  æмæ цыфæнды  зын ма  уа  ууыл  ныхас кæнын абон,  абхазæгтимæ æмæ  ирæттимæ  бафидауыны   процесс» –  фыссы  премьер-министр Гиорги Квирикашвили.