Гиорги Квирикашвили -  ныхæстæ мын нæ фаг кæнынц, куыд  бафидар кæнон сæ  зæрдæтæ Тъхъибулы фæмардуæвджыты бинонтæн
Гиорги Квирикашвили - ныхæстæ мын нæ фаг кæнынц, куыд бафидар кæнон сæ зæрдæтæ Тъхъибулы фæмардуæвджыты бинонтæн

Цыфæнды  цины фæдыл  вæййы маст дæр,  абон Тъхъибулы  æхсæз бинонтæ  хъынцъым кæнынц –  уый фæдыл  премьер-министр   Гиорги Квирикашвили  Самебайы кафедралон аргъуаны   загъта  журналисттæн.  Премьер  Тъхъибулы  æрцæугæйы  тыххæй   ноджы  иу хатт   равдыста   зæрдæрыст.

Премьер  Æппæт Гуырдызстонæн   раарфæ кодта Куадзæны   бæрæгбон æмæ сын ракуывдта   сомбоны ныфсытæ куыд фæраст уа уый.

«Фæнды  мæ алкæмæндæр уын раарфæ кæнон    Куадзæны Рухс Бæрæгбон, Гуырдзыстонæн мæ фæнды  ракувон  хуздæр  сомбон,  æмæ  сомбоны ныфс.

Нæ Патриарх   куыд райхъусын кодта афтæмæй,   æмæ Куадзæнон эпистолæйы дæр  дзырдæуыд  уый  фæдыл,  сидтытæ  æмæ  проблемæтæ  нын тынг бирæ ис,  фæлæ   иунæг   фервæзæн ис  иудзинады мидæг,  уый нымæцы  аргъуаны,   нацийы  æмæ хицауады  иудзинады.   Растдæр  ацы  иудзинад  æмæ  дин  нын рхастой  абоны Гуырдзыстон  æмæ  фервæзынæн æндæр гæнæн нæй.

Цыфæнды цины  фæдыл  маст куыд вæййы  афтæ, абон  Тъхъибулы дæр  у фыдох æмæ мæ фæнды  ноджы иу хатт   равдисон  стыр зæрдæрыст  æмæ æмæнкъард   уыцы бинонтæн.  Ныхæстæ мын æн фаг кæнынц,   куыд  сын  сфидар кæнон сæ зæрдæтæ уыцы бинонтæн…

Æппæт Гуырдзыстонæн  мæ фæнды  ракувон  фыццаджы дæр   сомбоны стыр ныфс,  иудзинад  æмæ  уырнæг дæн, ома  ацы иудзинады руаджы  нæ бон бауыдзæн  Гуырдзыстонæн  æрыздахæм уыцы номдзыддзинад  кæцы йæм æмбæлы.  Фыццаджы дæр  хъуамæ райдайæм  нæхицæй æмæ   æз уый  мæхицæн фæзæгъын кæддæриддæр» –  райхъусын кодта  премьер-министр.