Гиорги Къвирикашвили- Нæ историон территориты оккупаци егъау проблемæ у, кæцыйы хъуамæ аскуыддзаг кæнæм конструктивон, принципон ахсты руаджы
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Къвирикашвилийы фидиуæнæй, хъуамæ бацагуырдæуа Уæрæсеимæ ахастыты ахæм зонæтæ æмæ ареал, кæцы фидæны гæнæн ис суа конфликтты политикъон амæлттæй аскуыддзагы позитивон касты райдайыны бындур, ахæм сферæтæ гæнæн ис уа базарад, туризм, гуманитарон æмæ культурон ахастытæ.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Давосы дунейы экономикон форумы фæлгæтты уагъд дискусийыл – «Стратегион перспективæ: Еврази» сыхæгтимæ, сæрмагондæй та Уæрæсеимæ ахастыты фæдыл æвæрд фарсты дзуаппæн загъта.
Премьеры ныхæстæм гæсгæ, нæ историон территориты оккупаци у стыр проблемæ, кæцы конструктивон принципон ахастæй хъуамæ аскуыддзаг кæнæм.
«Хъыгагæн нæм ис 2008 азы хæсты бын æмæ нырмадæр тыхбын стæм ацы проблемæты аскуыддзагыл кусæм, кæцыты Гуырдзыстон райста фæдхæсгæйæ æнæ æрмæст 2008 азы фæстиуæгæн, фæлæ ма 90-æм азты райдианæй.
Нæ историон территориты оккупаци егъау проблемæ у. Хъуамæ бахъом уæм ацы фарстимæ конструкцион, принципон ахасты руаджы, кæцы нысан кæны Гуырдзыстоны Европаг æмæ Евроатлантикон интеграцийы политикæ æмæ конкретон аргъдзинæдтыл бындурæвæрд политикъæйы зæрдыл бадарын.
Хъуамæ рацагурæм Уæрæсеимæ ахастыты ахæм зонæтæ æмæ ареал, кæцы фидæны гæнæн ис суа конфликтты политикъон амæлттæй аскуыддзагы позитивон касты райдайыны бындур, ахæм сферæтæ гæнæн ис уа базарад, туризм, гуманитарон æмæ культурон ахастытæ.
Абон Уæрæсейы базар уæгъд у Гуырдзыстонæн, фæлæ уый нæу иунæг кæнæ доминант базар Гуырдзыстонæн, уымæн æмæ Гуырдзыстоны экспорт дверсифициргонд у. Афтæдæр итæг позитивон у, цæмæй махмæ æрвылазонæй зæгъæн ис иу милуаны онг визитор æрцæуы Уæрæсейæ.
Ис нын иуфарсон æнæвизæ режимæ Уæрæсейы æмбæстæгтæн æмæ уырыссаг туристтимæ этникон бындурыл конфликты иунæг цау дæр не æрцыд. Ай гæнæн ис уа дзæбæх райдиан, конфликтты аскуыддзагы фæдыл бадзырдты райдайынæн» – расидтис Гиорги Къвирикашвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстонæн Европаг æмæ евроатлантикон интеграци стратегион приоритет у.
«Фæлæ иннæрдгæй, Уæрæсе афтæдæр хъуамæ бадара йæ зæрдыл, цæмæй ма хъуамæ æнхъæлмæ кæса Гуырдзыстоны хицауадæй, цæмæй бафидаудзæн, Уæрæсе куыд фæзæгъы «ног реалондзинадимæ регионы», мах сæрмагонд территорийыл ног бархи падзахадты уæвынадимæ. Нæ бадзырдтæ бындурæвæрд хъуамæ уа нæ территорион æнæхъæндзинадæн цытлæвæрдыл, кæцы хъуамæ уа алы дискусиийы бындур нæ регионы æмæ æнцой хъуамæ уа Гуырдызстоны северенон барæвзарыл.
Кæд цымидис кæнут цавæр у Гуырдзыстоны политикæ регионы уæвæг сидтыты æрдæм, уæд мæ бон у зæгъон уын, цæмæй нын ис нысаниуæгджын регионон проектытæ Азербайджанимæ, Туркимæ, ХЪЪазахстанимæ æмæ регионы алы бæстæимæ дæр. Ис нын стратегион ахастытæ Азербайджан æмæ Туркимæ. Ис нын иттæг хорз хæларсыхагон ахастытæ Сомихыстонимæ æмæ тынг нысаниуæгджын ахастытæ Централон Азийы бæстæтимæ.
Зæлдаг Фæндаджы бæстæтимæ ног проекттæй мах æвзæрын кæнæм регионы динамикæ, уый гæнæн та регионы къуындæг æмкуысткæнынадæй цухæй нæй. Ай у æнæцудгæ сабырдзинадæн хорз аууæл.
Махæн нæй НАТО-йы æрдгæй æфсæддон хъахъхъдад, фæлæ Ныгуылæнимæ партнерад æмæ дзæбæх сыхагон ахастытæ, иумæйаг интересты зонæты æнæруромгæйæ агуырд у нæ регионы стабилондзинады формулæ» – расидтис Гиорги Къвирикашвили.