Гиорги Квирикашвили - Мах  цы план сæвзæрстам уый, Бакуриан æмæ Стыр Митарбийы сеппæтæй нырыккон   курорттæй  фестын кæндзæн
Гиорги Квирикашвили - Мах цы план сæвзæрстам уый, Бакуриан æмæ Стыр Митарбийы сеппæтæй нырыккон курорттæй фестын кæндзæн

Мах  цы план сæвзæрстам уый, Бакуриан æмæ Стыр Митарбийы  сеппæтæй нырыккон   курорттæй  фестын кæндзæн-  уый тыххæй  премьер-министр  Гиорги Квирикашвилийы  хицауады  рабадтыл  райхъусын кодта.

Гиорги Квирикашвили куыд банысан кодта, афтæмæй  хицауады раззаг  рабадтыл, Бакурианы  сахарарæзтадон план  сбæлвырд ис.  Абон  та Стыр Митарбийы  аналогион планы сбæлвырд кæндзысты зæгъгæ.

«Фæнысангонд план  йæ хъуыдыйы  дары  Стыр Митарбийы  ареалы  планбæрцонæй  райтынг кæнын. Дзырдæуы  куыд цæрæн  зонæйы  рапарахатыл, афтæдæр   бырынæн трассæты  дæргъ  райрæзын кæныны æмæ   Бакуриан-Стыр Митарбийы  æнæхъæн комплексы  бырынæн трассæты  кæрæдзиимæ сбæттыныл.

Æцæгæй дæр мæ бон зæгъын, цæмæй  ацы  план  æмæ  фæндаг, кæцыйы мах сывзæрстам, Бакуриан æмæ Стыр  Митарбийы  фестын кæндзæн  иуæй-иу  алæмæттаг, сеппæтæй  нырыккон æмæ   райтынггонд   хæххон-къахдзоныгъон  курорттæй, æмæ  æнææрмæст  зымæджы, фæлæ ма   цыппар дæр сезоны курорттæй.

Ныхас цæуы уый фæдыл, цæмæй  5000  хуыссæн бынат райтынг уыдзæн  Стыр Митарбийы  æрдæм.  Уыдзæн  афтæдæр  хæрæндæттæ, рекреацион  тыгъдад,  администрацион бæстыхæйттæ. Егъау  спортивон   æмæ  туристон  инфраструктурæ –  спортивон  комплекстæ,   кинотеатртæ, велопаркътæ  сæрмагондæй  Бакурианы  райтынг уыдзæн æмæ ацы иу æнæхъæн  комплекс иттæг  нысаниуæгджын тæпп уыдзæн  Гуырдзыстоны  туризмæн.

Иттæг  нысаниуæгджын  у, цæмæй   ацы тынгад  Бакуриан æмæ Стыр Митарбийæн, афтæдæр  100 километры  радиусы зонæйы цæрæг адæймæгтæн   æрхæсдзæн, цæрæ  уавæрты  фæхуыздæр æмæ  йын алы  адæймагы  царды æмвæзадыл  уыдзæн тынг   нысаниуæгджын æндæвдад» –  расидтис Гиорги Квирикашвили.