Гиорги Квирикашвили – мах алчи иумæ, сабырады æмæ фидыды фæндагæй, Абхазаг æмæ Ирон æфсымæрты æрдгæй æууæнк нæхимæ рыздахынæй, æрхæццæ уыдзыстæм бæллиццаг нысанмæ æмæ иумæ цæрдзыстæм иууон Гуырдзыстоны
Уырны мæ цæмæй 100 азы размæ цы ард раттой уый кæронмæ сæххæст кæндзыстæм æмæ Гуырдзыстон æрфидар уыдзæн куыд тыхджын æмæ æнæфæзилгæ демократийы падддзахад афтæ – Уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили сидтонты ардхæрды церемонийы фæстæ дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Премьер куыд банысан кодта афтæмæй, абон Гуырдзыстоны дыууæ регион оккупацигонд куы сты, сæрмагонд нысаниуæг ис æхсæнадæмон æмгарады, æрдхордты æмæ партнер бæстæты, Евроцæдисы æрдгæй æххуысæн.
«Фæнды мæ бузныг зæгъын алкæмæн ацы æххуысыс тыххæй, паддзахады арæзтады хъуыддаджы æххуысы тыххæй, сæрмагондæй та нæ сæйраг стратегион партнерæн, Америкæйы Иугонд Штаттæн, кæцыйимæ æмгуыстад исы прцедент кæмæн нæй ахæм масштабтæ.
Абон нæ фыдыбæстæйæн йæ хъæдгæмтæ нырма куы нæ сдзæбх сты, ацы рæстæджы нæ хъæуы сегасæй тыхджындæр иудзинад æмæ бастдзинад. Æндæр амæлттæй гæнæн нæй уыцы стыр нысанмæ баххæссын, кæцы хуыйны бæстæйы баиу. Мах алчи иумæ, æрмæст сабырады æмæ фидыды фæндагæй, нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæрты æууæнкы сног кæнынæй æрхæццæ уыдзыстæм бæллиццаг мысанмæ æмæ уыдонимæ иумæ цæрдзыстæм иууон Гуырдзыстоны.
Абон Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстаг фæлдисы истори, алчидæр нæ хæсджын стæм сæххæст кæнæм мисси, цæмæй 100 азы размæ æвæрд бындурыл саразæм дзæбæхдзинадыл æмæ удон хæзнатыл бындурæвæрд гуырдзиаг паддзахад.
Афтæма, премьер куыд банысан кодта, Гуырдзыстоны сегасæй сæйрагдæр наицоналон бæрæгбон, 26 май, Хæдбардзинады бон, ацы аз уымæй дæр хицæн кæны зæгъгæ, æмæ гуырдзиаг наци бæрæгбон кæны Фыццаг демокративон республикæйы бындурæвæрды 100 азы сæр.
«Ацы стыр историон датæ сбæрæг кæнынæн махимæ иумæ сты Гуырдзыстоны Фыццаг Республикæйы бындурæвæрджыты байзæддаг. Ацы нысаниуæгджын бон рфæ кæнын æппæт Гуырдзыстонæн йæ алы æмбæстагимæ иумæ, æмæ фæсарæнты цæрæг не мбæстонтæн!
Сæрмагондæй та абоны бон арфæгæнæг дæн нæ сидтонтæн. Тынг цытджын æмæ нысаниуæгджын у ацы бон уыдонæн, идæриддæр Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр рæтты иузæрдыгдзинад расомы кодта æмæ Гуырдзыстоны æфсæддонæй ссис.
Уырнæг дæн, цæмæй сымах цæсгомджынæй сæххæст кæндзыстут фыдыбæстæйы раз цы хæс райстат уæхимæ уый, алкæцыдæр уæ уыдзæн æмзæрдæ æФсæддон æмæ аккагæй хæсдзæн гуырдзиаг хæстоны кадджын ном. Уырны мæ, кæронмæ кад кæндзыстут уыдоны нæмттæ, чидæриддæр сæхи снывонд кодтой Гуырдзыстонæн. Алчидæр кад кæнæм нæ хъайтартæн, фыдыбæстæ сын никуы фесафдзæн сæ нæмттæ» – загхта Гиорги Квирикашвили.