Гиорги Квирикашвили Майк Помпеоимæ иумæ, Гуырдзыстон-АИШ-ы стратегион партнерады камисы пленарон рабадт байгом кæндзæн
Гиорги Квирикашвили  Майк  Помпеоимæ иумæ, Гуырдзыстон-АИШ-ы   стратегион партнерады  камисы   пленарон  рабадт байгом кæндзæн

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили  21-23  майы   кусæн   визитæй   АИШ-æм   ныццæудзæн.

Уый тыххæй  информацийы  хæлиу кæны  премьер-министры пресс-куыст.

Хцауады  сæргълæууæг  АИШ-ы   паддзахадон нымæрдар Майк  Помпеоимæ иумæ, Гуырдзыстон-АИШ-ы   стратегион партнерады  камисы   пленарон  рабадт байгом кæндзæн.

Афтæдæр  Гиорги Квирикашвили   хайад райсдзæн   АИШ-Гуырдзыстоны  стратегион партнерады  æрвылазон   конференцийы,  кæцы   Вашингтоны,  «Иугонд Штатты   сабырады  институты»   æмæ  The Heritage Foundation-ы  организацигондæй  цæуы.

Визиты  фæлгæтты  плангонд сты  дыууæфарсон фембæлдтæ, куыд æххæстгæнæг  хицауады  минæвæрттимæ,   афтæ   конгрессы  æндæр æмæ  æндæр комитетты   къухдариуæггæнджытимæ.

23  майы  премьер-минристр  хайад райсдзæн   Гуырдзыстоны   Фыццаг Демокративон Республикæйы  100 азы  сæрмæ нывод  амалы,  кæцы уагъд æрцæудзæн  Гуырдзыстоны  минæварады организацигонд  Вашингтоны, «Иугонд Штатты Сабырады  Институты».

Гуырдызстоны   делегацийы   сконды  сты  фыццаг вице-премьер,  экономикæйы æмæ   æнæцудгæ   тынгады   министр Димитри Кумсишвили, вице-премьер,  фæсарæн хъуыддæгты имнистр   Михеил Джанелидзе,  хъахъъæнынады министр Леван Изориа æмæ премьер-министр   амонæг  æддæ  ахастыты  фарстыты  Тедо Джапаридзе.