Гиорги Квирикашвили- мæ разамындæй хицауад ауагъта иттæг нысаниуæгджын экономикон реформæтæ
2015 азы декабры фæстаг бонтæй уыдтæн нæ бæстæйы преьмер-министр æмæ мæ фæнды райхъусын кæнон, цæмæй дыууæ æмæ æрдæг азы дæргъы, мæ къухдариуæгæй, бæстæйы хицауады ауагхта иттæг нысаниуæгджын реформæтæ, сæ нымæцы цæрнæн иттæг нысаниуæгджын экономикон реформæтæ – уый фæдыл Гиорги Квирикашвили сæрмагонд брифингыл райхъсын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд рæстæджы дæргъы, æнæкæсгæ регионы уæвæг вазыгджын политикъон, экономикон æмæ æдадсзинады æрдгæй уавæрмæ, балимæ иумæ, бантыстис Гуырдзыстоны стабилон уавæр саразын æмæ бæстæ тынгады раст фæндагыл слæууын кæнын.
«Абон нын ис регионы сеппæтæй бæрзонддæр экономикон рæзынад, алкæмæй пайдаджын базнес-æрдз, хъахъхъæд у сæрмæмулкъы бар, сæрибар базарады бадзырдтæ сегсаæй ставддæр базартимæ. Уый æппæтимæ разы у дунейы алы авторитетон организаци æмæ ай бæлвырдæй æвдыст у æхсæнадæмон рейтингты.
Абон, нæ дыуууæ регион оккупацигонд куы сты ахæм уавæрты, нæ прагматон æмæ раст æддæ политикæйы фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны сæвзæрд æдас æмæ стабилон уавæр. Райдыдтам нысаниуæгджын ног инициативæтæ фидыды æрдæм. Абон стæм сеппæтæй хæстæгдæо Евроцæисмæ æмæ НАТО-мæ, раздæр куыд никуы уыдис афтæ. Абон нын ис прецедент кæмæн нæй ахæм æнцойад нæ сæйраг стратегион партнеры АИШ-ы æмæ Евроцæдисы æрдгæй. Равдыстам цæттæдзинад, Уæрæсеимæ ахастыты срегулир кæныны æрдæм саразæм къахдзæфтæ Женевæйы дискусситы форматы æмæ ныфсджын дæн, цæмæй кæддæрты ацы æнхъарæн йæ фæстиуæг æрхæсдзæн» – райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили.
Уый йæ хъусдард раздæхта хицауады цыппарпунктджын планы æрдæм дæр.
«Йеуæд дæр, хицауады реформæты цыппарпунктджын план куы бакуыстам, кæцыйыл бындурæвæрд æрцыд «Гуырдзиаг Бæллиццы» программæ æмæ нæ парти фæуæлахиз ис 2016 азы парламентон æмæ 2017 азы бынæттон хæдуынаффæйыс æвзæрстыты æмæ ныр дæр, абсолютонæй уырнæг дæн, цæмæй ай уыд раст фæндаг Гуырдзыстоны тынгадæн.
Тынг дзæбæх зонын, куыд зын цард кæнынц адæм, цæмæй нæм ис бирæ бинонтæ, кæцытæ æрвылбойнон цардыл тынг вазыгджын уавæрты æрвиты æмæ катай кæны цæмæй исты амæлттæй ссара хæринаг йæ бинонтæн, хъæбултæн æмæ сæхи фервæзын кæной.
Уойæ афтæ у, фæлæ уый дæр абсолютонæй бæлвырдæй зонын, цæмæй зæгъгæ нæ политикæ куы ауагхъдтаиккам, уæд ацы адæмæн царды нормалон уавæрты гæнæндзинæдтæ, ноджы бирæ азæй афæстиат уыдаиккой, кæцыйы бар йз нæ раттаин фыццаджы дæр мæхицæн, æмæ мæнмæ гæсгæйæ нæ къорд дæр æнæхъæнæй мотивиргонд уыдис, ацы нысанæй архайын»з загъта Гиорги Квирикашвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ббæрнон политикъы, сæрмагондæй та хицауады сæргълæууæгы хæс у, гæнæн ис æнæпопулрон, фæлæ бæстæйы тынгады песрпективæйыл нымад къахдзæфтæ авæрын.
«Уырны мæ, цæмæй бæрнон политикъы, уæлдайдæр хицауады сæргълæууæгы хæс у, ахæм уынаффæтæ расын æмæ гæнæн ис, арæх æнæпопулярон къахдзæфтæ саразын, кæцы нымад уыдзысты ныртæккæйон фæстиуæгыл нæ фæлæ ма, бæстæйы тынгады перспективæйы æмæ дæргъвæтин фæстиуджытыл.
Æз куыд бæстæйы премьер-министр, растдæр ахæм политикæ сывзæрстон постыл куы снысан дæн уыцы бонæй» -загъта Гиорги Квирикашвили.ю
Гиорги Квирикашвили, абон премьер-министры постæй йæхи суæгъд кодта.