Гиорги Квирикашвили – Литвæ æмæ Гуырдзыстоны кæрæдзийы кæрæдзийы ссардтой иузæрдыг хæлæрттæ
Литвæимæ нын ис тынг хæстæг æмæ къуындæг æмкуысткæнынад евроинтеграцийы контексты, аргъ кæмæн нæй ахæм у Литвæйы хайбавæрд Гуырдзыстоны евроцæдисимæ æрыввахсы процессы – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили Литвайаг коллегæимæ Саулиус Сквернелимæ иумæ уагъд прессконференцийыл райхъусын кодта.
Гиорги Квирикашвили куыд банысан кодта афтæмæй, Литæйы премьер-министр Гуырдзыстонмæ официалон визиты фæлгæтты фыццаг хатт æрцыд æмæ æхсызгон у уый æмæ растдæр Литвæйы премьер-министр у хицауады фыццаг сæргълæууæг, кæцы 2018 азы æрцыд Гуырдзыстонмæ.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон æмæ Литвæйы æхсæн æмкуысткæнынад, политикон диалогн æрвылазонæй фылдæрæй фылдæр арф у.
Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй, Литвайаг коллегæимæ фембæлдыл æркастысты нысаниуæгджын регионалон транспортон проекттæ, кæцыты иумæйаг сæххæст бæстæты транзитон потнециалы райрæзын кæнын æмæ ног базарты æрхион кæнынæн уыдзæн ахъаз.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Литвæйы æрдгæй ноджы иу хатт нымадмæ ист æрцыд Гуырдзыстоны нысаниуæгджын хайбавæрд иумæйаг евроатлантикон æдасдзинады фæфидары хъуыддаджы.