Гиорги Квирикашвили -  Къахетæн  хъæуы хицæн аэропорт æмæ æнæмæнгæй хъуамæ ахъуыды кæнæм æфсæнвæндаг сæндидзын кæныныл дæр
Гиорги Квирикашвили - Къахетæн хъæуы хицæн аэропорт æмæ æнæмæнгæй хъуамæ ахъуыды кæнæм æфсæнвæндаг сæндидзын кæныныл дæр

Гуырдзыстоны премьер-министр Гирги Квирикашвилийы  фидиуæнæй,   Къахеты æнæмæнгхъæугæ у хицæн аэропорт. Уыйимæ  иумæ Гиорги Квирикашвили  Къахеты, фысымуат   «Ахашениййы  сæны  курорты»  байгомыл  райхъусын кодта, цæмæй  æнæмæнгæй  хъæуы  Къахеты  уææг  æфсæнвæндаг  сæндидзын кæнын.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ  æрхæццæ стым уыцы этапмæ,  Къахетæн куы хъæуы хисæмаргонд  аэропорт бакæнын.  Ууыл хъуыды кæнæм æмæ,  хицæн секторимæ  партнердзинады фæрцы  нæ бон бауыдзæн, Къахеты фыццаг жтапыл  сæххæст уа   комкоммæ чартерон авиарейсытæ,  уый фæстæ гæнæн  ис  регулярон рейсытæ дæр снысан уа.

Мæнмæ гæсгæ, æфсæнвæндаг, кæцы нын ис,  уый  стыр  хæзна.  Ныр æфсæвæндаджы   арæзтад, зонут æй  тынг зынаргъ сбады  æмæ Къахеты æрдæм  нын ис  æфсæнвæндаг,  кæцы нырма нæу  кæронмæ   куынæг  æмæ паддзахад  алы амæлттæй  хъуамæ архайа, ацы æфсæнвæдаг ранæуæнг кæнын. Туризм æнæ æфсæнвæндаг  нæ райтынг уыдзæн» –  загъта Гиорги Квирикашвили.

Афтæдæр  бæстæйы премьер  Тушеты  фæндаджы арæзтады фæдыл фæныхас кодта æмæ загъта, цæмæй   автомобилон  фæндаг Тбилисæй  Тушеты  æрдæм,  æртæ хатты фæцыбырдæр уыдзæн.