Гиорги Квирикашвили – ерын мах бирæ амбициондæр кахдзæфтæ хъуамæ авæрæм æм амбицион реформæты плаы æнæмæнгæй адарддæр кæндзыстæм
Гиорги Квирикашвили – ерын мах бирæ амбициондæр кахдзæфтæ хъуамæ авæрæм  æм  амбицион реформæты плаы æнæмæнгæй  адарддæр кæндзыстæм

«Нысаниуæгджын у, цæмæй  бацæттæ уæм  уыцы моментмæ, Европæй куы уыдзысты цæттæ,  бакæной  ног фадæтты  рудзынг Гуырдзыстонæн  æмæ   мах уый æнæмæнгæй  сараздзыстæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр  Гиорги Квирикашвили  Брюсселы райхъусын кодта.

Йæ ныхстæм гæсгæ, «Скæсæн Партнерады»  саммитыл  Гуырдзыстоны   æнтыстытæ,  æмхъæлæсæй  банысан сты.

«Иттæг нысаниуæгджын у,  цæмæй   ацы формат  разынд   уыцы инструментæй  Гуырдзыстонæн,кæцы   нын ратта фадат,  абоны онг нысаниуæгджын  къахдзæфтæ сарызтаиккам,  кæцы  у ассоциацидзинады  бадзырд,  базарады фæдыл бадзырд, визалиберализаци.

Ерын нæм ис  бирæ  фылдæр амбицион  дарддæры къахдзæфтæ  саразинаг æмæ  цы фæнды рахст уа  Европæ æмæ  æндæр бæстæты, мах ææмæнгæй  адарддæр кæндзыстæм  тынг амбицион   реформæты план.  2020 азмæ  нын ис   æппæтылæххæссæг  реформæты  план,  кæцы нын ратдзæн фадат  дарддæр ацæуæм размæ  Европæйы æрдæм  æмæ нæ  партнертæй  ис абсолютон цæттæдзинад,  максималонæй баххуыс кæной Гуырдзыстонæн  ацы процессы,  уымæн æмæ  Гуырдзыстон баххæссыд  иттæгнысаниуæгджын æнтыстмæ.

Мах хъуамæ  уæм цæттæ. Хъуамæ саразæм  нæ  хъуыддаг. Ног фадæтты рудзын куы фегом уыдзæн Гуырдзыстонæн,  уыцы моментыл Гуырдзыстон цæттæйæ хъуамæ амбæла.  Уый у нæ  рард æмæ мах ацы  рард  сыххæст кæндзыстæм» – расидтис Скæсæн партнерады саммитыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили.