Гиорги Квирикашвили - цалдæр тæрхонгæнæгмæ гæсгæ ист скуыдзæгтæ, дзыллæйы мидæг фарст сæвзæрын кодтой, æмæ ацы фарст ис нæ къорды мидæг дæр
Цалдæр тæрхонгæнæгмæ гæсгæ ист скуыддзаг дзыллæйы мидæг фæзынын кодта фарстытæ æмæ ацы фарстытæ ис нæ къорды мидæг дæр – юстицийы иуылбæрзонд советы 44 тæрхонгæнæджы æнæмгъуыдæй снысан кæныны кой кæны премьер-министр.
Гиорги Квирикашвилийы ахæлиугонд фидиуæны куыд у баысангонд афтæмæй, хицаугæнæг къорды тынг уæззау реакци у Сулхан Молашвилийы хъуыддаджы æвзарæг тæрхонгæнæг Манучар Капанадзейы Тбилисы аппеляцион тæрхзондоны угтæрхоны барады хъуыддæгты палатæйы æнæмгъуыдæй снысан кæыныныл.
«Сæ нымæцы ис тынг уæззау реакци Сулхан Молашвилийы хъуыддаджы тæрхонгæнæг Манучар Капанадзейы Тбилисы аппеляцион тæрхзондоны угтæрхоны барады хъуыддæгты палатæйы æнæмгъуыдæй снысан кæыныны тыххæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æнæмæнгхъæугæ æмæ ахсджиаг у цæмæй ацы фарстытыл лæвæрд цæуой публикъон æмæ бæлвырд дзуаппытæ» 0 дзырдæйы Квирикашвилийы фидиуæны.
Премьер-министры ныхæстæм гшæсгæ, рæстады æнкъарæн у уыцы бындур, кæцыйыл æнцойæ амад цæуы демокративон æмæ рæстаг падздахад.
«ЙÆ зæгъын æй хъæуы алчи дæр æмбары, цæмæй институционалон скуыддзæгтæ гæнæн ис ма фемдзыд уой дзыллæйы æнкъарæнимæ, фæлæ вæййы ахæм цаутæ, кæцытæ æххæссынц хæзнатæм æмæ нацийы сиу кæнынц. Растдæр хæзнатæн тохы ссиу кодта нæ адæмы æмæ Иванишвилийы къухдариуæгæй Гуырдзиаг Бæллицц фæуæлахиз ис.
Мах хæсджын стæм бацауæрдæм ацы æнтыст æмæ никæд бонты ма ныууадзæм æнæдзуаппæй, дзыллæйы фарстытæ, кæцытæ абсолютонæй легитимон сты.
Ныфсджын дæн, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» йæхимæ ссардзæн уый тых, кæцыйы руаджы нæ бæстæмæ фæзындзæн фадат æрфидар кæна уыцы æнтысты, кæцымæ баххæссыдыстæм 2012 азы» – хъусын кæны паремьер-министр.