Гиорги Къвирикашвили - Æз мæхæдæг, нæ бæстæйы политикон балимæ иумæ, дæн гарант, цæмæй ацы бæстæйы закъоны сæрты ничи ахиздзæн
Барадон паддзахады закъон у сегасæй бæрзонддæр æмæ æз мæхæдæг, нæ бæстæйы политикон балимæ иумæ, дæн гарант, цæмæй ацы бæстæйы закъоны сæрты ничи ахиздзæн – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-минстр Гиорги Квирикашвили загъта, 1tv.ge –йы паддзахадон балхæды къабазы æнæрæстаг аууæлтты уæвыны фæдыл, «Уцнобийы» арызт фидиуæныл коментарийы рæстæджы.
Премьеры аргълæвæрдæй, фæнысангонд фарстæн ис æрмæст барадон барæн æмæ ахæм дауутæ регуригонд цæуынц закъонæй.
«Фыццаджы дæр, æнæ æрмæст ацы конкретон цаумæ гæсгæ, фæлæ ма иумæйагæй фæнды зæгъон, цæмæй мах цæрæм барадон паддзахады, кæцыйы барадон даууты скуыддзаг æмæ регулир кæны закъон, хлардзинад æмæ хиондзинад нæ фæлæ ма æмбæлон инстанцитæ. Паддзахадон балхæдты æмæ тендертæ сты тынг ахсджиаг темæ, кæцыйæн кæддæриддæр вæййы куыд уæлахисгонд афтæ дæр фембылдуæвæг фрас. Фембылдуæвæг фарсæн вæййынц бæрæг хуызы претензитæ фæлæ уый, уый тыххæй ис хъæугæ институцитæ, инстанцитæ æмæ фæстагмæ ис тæрхондон æмæ æмбæлон барадон процедурæтæ. Уыдæриддæр та ацы конкретон хъуыддагмæ æххæссы, мæнмæ уæвæг информацийæ, алы процедурæ закъондæттынадмæ æмбæлонæй сæххæст сты, æмæ иунæг къахдзæф дæр нæ уыд æвæрд искæмæн æххуысы кæнæ та искæй ныхмæ. Мæнæн тынг хъыгаг у, цæмæй ацы типы æнæбындур аххосæгтæ хъуысынц уыцы адæймагæй, кæцыйы азты дæргъы зонын. Ноджы иу хатт мæ фæнды хаххгондæй зæгъон, цæмæй фæнысангонд фарстæн ис æрмæст барадон барæн æмæ уый хъуамæ ацæуа æрмæст дæр ацы æрдæм. Барадон паддзахады закъон у сегасæй бæрзонддæр æмæ æз мæхæдæг, нæ бæстæйы политикон балимæ иумæ, дæн гарант, цæмæй ацы бæстæйы закъоны сæрты ничи ахиздзæн» – расидтис Гиорги Квирикашвили.
«Уцноби» абоны брифингыл паддзахадон æрылхæды æнæрæстаг аууæлттыл ныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй паддзахадæн зæгъгæ, хицæн компанитимæ ис картелон бадзырдтæ.