Гиорги Квирикашвили – Абхази æмæ Цхинвалы Регионы æрдæм хицауады политикæйæн ис егъау æнцой æхсæнадæмон æмгарады æрдгæй
Прагматон æмæ раст æддагон политикæйы фæстиуæгæн, Гуырдзысторны сырæзт æдас æмæ стабилон æрдз æмæ абон, нæ бæстæ сеппæтæй хæстæгдæр у евроцæдис æмæ НАТО-имæ, раздæр куыд никуы уыдис афтæ – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» æмбырдыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, райсгæ фæстиуæг уæлдай стимул дæтты цæмæй хицауад фидæны плæнтты ноджы фылдæр амбицион уа.
«Нырид бакуыст æрцыд Гуырдызстоны Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагон картæйы ног концепци кæцыйы девиз у – «Фылдæр интеграци фылдæр фадæтты тыххæй». Ног концпцийæн йæ нысан у Евроцæдисимæ æмкуысткæнынады уæвæг механизмты, афтæдæр ассоциацидзинады фæдыл бадзырдæй даррддæр, фæрæзтæй максималонæй спайда кæнын, кæцы баххуыс кæндзæн гуырдзыстонæн йæхи бацæттæ кæна Евроцæдисмæ фæдылдзог интеграцимæ.
Æнтыстджынæй цæуы НАТО-мæ интеграцийы процесс. Куыд æй зонут афтæмæй июлы ацæудзæг НАТО-йы Варшавæйы саммит, кæцыйыл уырнæг дæн, æмбæлонæй бахахх кæндзысты Гуырдзыстоны прогресс НАТО-имæ ахастыты æрдæм æмæ уый тыххæй дæр æвдыст æрцæудзæн декларацийы мидæг» – загъта Гиорги Квирикашвили .
Премьер куыд банысан кодта афтææй, иууыл фылдæр бæлвырд кæны Гуырдзыстоны ахастыты сæйраг стартегион партнеримæ – АИШ-имæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, америкаг хæлæрттæй бæстæ алы фæмвæзадыл исы хъæддых æххуыс.
«Бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæзхъæндзинады хъахъхъæдад дыууæ регионы оккупацийы уавæрты, махæн у сегасæй сæйраг расидт æмæ ацы фарсты Гуырдзыстон пайда кæны æхсæнадæмон æмгарады æххæст æххуысæй.
Гуырдзыстоны хицауады уагъд политикъæ Абхазийы æмæ Цхинвалы Регионы æрдæм, уый нымæцы ног сабырадон инициативæтæ, гæнæн ис зæгъын цæмæй егъау æхсæнадæмон æнцойадæй пайда кæны.
Ныгуылæйнаг хæлæрттæ æмæ стратегион партнертæ иуылбæрзонд æхсæнадæмон трибунæйæ æргомæй æмæ хъæддыхæй йæ фарс хæцынц Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Уыдон афтæдæр разы сты нæ бæстæйы политикъæимæ Уæрæсемæ гæсгæ.
Размæцыд, тынгад æмæ прогрессы гæнæн нæй, кæд дæм нæй сабырад æмæ стабилондзинад. Уый тыххæй нæ хицауады иуæй-иу сæйраг æнтыст у бæстæйы растдæр сабырад æмæ стабилондзинады кæй æрфидар кодтам уый. Регион, кæцыйы дæ цæрæм, иурæстæгонæй у фæрæзты æмæ сидтыты регионы. Уый тыххæй прагматон æддагон политикæ уыцы уникалон инструмент у, кæцыйæ гæнæн ис, иуы æрдгæй, уæвæг сидтытыл фæтыхуын, иурæстæгонæй алы уыцы хæрзиуæгæй спайда кæнын кæцытæй дæр афтæ хъæздыг у нæ регион» – райхъусын кодта Гиорги Квирикашвили.
«Гуырдзиаг Бæллицц –Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдарæй абон Бидзина Иванишвилийы сывзæрстой æмæ политсоветы ног сконд сбæлвырд кодтой.