Гиорги Каландаришвили - ЦÆК-ы æрдгæй æнæобъективон куыст амонæг иунæг аууæл дæр нæй
«Æхсæнадæмон Рæсуг – Гуырдзыстоны» абоны фидиуæны бакастыстæм цæвиттон æвзарæнон администраци хицаугæнæг партийы дæлбар уагдон у. Нæй дзы иунæг аууæл дæр, кæцы бацамыдтаит æвзарæнон администрацийы æнæобъективон куыстыл, – уый фæдыл ЦÆК-ы сæрдар Гиорги Каландаришвили райхъусын кодта.
Каланадришвилийы дзырдæй, зæггæ уый у æнæбындур аргълæвæрд.
«Æмтгæй райсгæйæ, цы хуыз райсдзæн закъондæттæн ивддзинæдтæ, уый æртыккаг хъусыны фæстæ базондзыстæм. Банысанкæнинаг у, цæмæй ацы цауы конкретон персоналитæм гæсгæйæ, æвзарæнон администрацийы роль æрмæст уымæй бæрæг у, цæмæй стæй цас нæ бон уыдзæн хайад райсын æвзæрсты процессы», – райхъусын кода Гиорги Каландаришвили.
Æнæхицауадон организаци «Æхсæнадæмон Рæсуг-Гуырдзыстон» æвзарæнон зæаъкондæттынады ивддзинæдты фæдыл абон фидиуæн ахæлиу кодта, кæцымæ гæсгæйæ, æвзарæнон закъондæттынады парламентон фылдæрты ивдтытæ нæбагæ сты Еврокомиссийы æркуырдтимæ. Куырдиаты афтæдæр банысангонд у: «Закъонопроект йæ ныхмæ цæуы Венецийы Комиссийы хатдзæгæн, уый афтæдæр нæбадгæ у Еврокоиссийы бæрæг 9 къахдзæфимæ, кæцытæ æндæр домæнтимæ иумæ OSEC/ODIHR-ы рекмоендациты æххæстæй зæрдыл бадарын, æвзарæнон администрацийы хæдбарад æмæ объективондзинад домы. Закъонопроект райсты цауы, адарддæр кæндзæн хицаугæнæг партийы хицаудзинады æххæст концентрацийы тенденци, ныууадздзæн йын ЦÆК-ы профессион уæнгты сывзарыны æгæрон æххæстбартæ æмæ æххæст контроль æвзарæнон администрацийы æнæхъæн вертикалыл».