Гиорги Гвимрадзе – «Уацхæссынады фæдыл» закъондæттæн пакетыл вето сæвæрыны фæдыл президенты скуыддзаг, æнæнхъæлæджы нæ уыд
Бæрæг у, нæ разы кæнæм президенты ацы фиппаинæгтимæ. Мах уый тыххæй президентимæ дæр фæныхас кодтам æмæ хъуыддагæй куыд фæбæрæг афтæмæй, президент йæ позицийы нæ ивы æмæ мах та нæхи позицийыл стæм – уый фæдыл Æхсæнадон Телеуынынады ног æмæ цæугæ хабæртты блокъы директор Гиорги Гвимрадзе, райхъусын кодта, президент «Уацхæссынады фæдыл» закондæттæн пакетыл вето куы сæвæрдта ууыл коментарийы рæстæджы.
Гиорги Гвимрадзейы ныхæстæм гæсгæ, президенты ацы скуыддзаг æнхъæлмæкæсинаг уыд, фæлæ аргументтæн аргъскæнынæй йæхи фæуромдзæн, уымæн æмæ уый парламенты прерогативæ у.
«Ацы фарсты фæдыл ныхас куы цæуы уæд, мах æнææрмæст президенты, фæлæ ма æнæхицауадонты стыр хайы хъуыды дæр дарæм нæ бадарæм нæ зæрдыл. Президенты ацы скуыддзаг æнхъæлмæкæсинаг уыд. Ацы цауы аргументтæн аргъ скæнынæй мæхи фæуромдзынæн, уымæн æмæ уый у парламенты прерогативæ. Мах ацы хатт æнхъæлмæ кæсæм уымæ цæмæй цахæм уыдзæн парламенты дзуапп ветойыл, уымæн æмæ закъон нæу парламенты æртæ кастæй ист. Уый тыххæй дæр, ветойы сæрты ахизыны фарст дæр парламент хъуамæ аскуыддзаг кæна» – расидтис Гиорги Гвимрадзе.