Гиорги Гвимрадзе – «Уацхæссынады фæдыл» закъондæттæн пакетыл вето сæвæрыны фæдыл президенты скуыддзаг,  æнæнхъæлæджы нæ уыд
Гиорги Гвимрадзе – «Уацхæссынады фæдыл» закъондæттæн пакетыл вето сæвæрыны фæдыл президенты скуыддзаг, æнæнхъæлæджы нæ уыд

Бæрæг у,  нæ разы кæнæм  президенты  ацы фиппаинæгтимæ.  Мах  уый  тыххæй  президентимæ дæр  фæныхас кодтам  æмæ  хъуыддагæй  куыд фæбæрæг афтæмæй,    президент  йæ позицийы  нæ ивы æмæ мах та нæхи позицийыл стæм –  уый фæдыл  Æхсæнадон Телеуынынады   ног æмæ цæугæ хабæртты блокъы директор  Гиорги Гвимрадзе,   райхъусын кодта,  президент «Уацхæссынады фæдыл»  закондæттæн пакетыл вето куы  сæвæрдта  ууыл коментарийы рæстæджы.

Гиорги Гвимрадзейы ныхæстæм гæсгæ,   президенты  ацы скуыддзаг  æнхъæлмæкæсинаг  уыд, фæлæ  аргументтæн аргъскæнынæй  йæхи фæуромдзæн, уымæн æмæ   уый  парламенты прерогативæ у.

«Ацы фарсты фæдыл ныхас куы цæуы уæд, мах  æнææрмæст  президенты, фæлæ ма  æнæхицауадонты стыр   хайы   хъуыды дæр дарæм нæ  бадарæм нæ  зæрдыл.  Президенты ацы скуыддзаг  æнхъæлмæкæсинаг уыд.  Ацы цауы  аргументтæн аргъ скæнынæй  мæхи фæуромдзынæн, уымæн æмæ  уый  у парламенты прерогативæ.  Мах ацы хатт  æнхъæлмæ кæсæм уымæ цæмæй цахæм уыдзæн парламенты  дзуапп ветойыл, уымæн æмæ закъон   нæу парламенты  æртæ кастæй ист.  Уый тыххæй дæр,   ветойы сæрты ахизыны  фарст дæр  парламент хъуамæ аскуыддзаг кæна» –  расидтис  Гиорги Гвимрадзе.