Гиорги  Григолиа – Гуырдзыстоны  уавæрты, цы ран Саакашвили йæ хи ахæстæй æнкъары, иудадзыг стрессы  ис, кæцы йæ  низ  расайдта, кæцыфæнды клиникæйы фæстиуæг  уыдзæн  ерын куыд у ахæм
Гиорги Григолиа – Гуырдзыстоны уавæрты, цы ран Саакашвили йæ хи ахæстæй æнкъары, иудадзыг стрессы ис, кæцы йæ низ расайдта, кæцыфæнды клиникæйы фæстиуæг уыдзæн ерын куыд у ахæм

Гуырдзыстоны  уавæрты,  цы ран  Михеил Саакашвили йæ хи хаты  ахæстæй, цы ран  йын   нæ    сæфы  стресс, кæцы расайдта  низ,  кæцыфæнды  клиникæйы  уыдзæн  уый хуызæн   фæстиуæг.  Нырма фарон  загътам,  кæд нæ  фæнды   Саакашвилийы æнæниздзинад бахъахъъхæнын, уæд хуыздæр у  цыдæр политикон  уынаффæ  рахæссын –  уый фæдчл  анестезиолог  -реаниматолог  Гиорги Григолиа  адæмон хъахъхъæнæгимæ кусæг  консилиумы  уæнгтимæ иумæ линикæ  «Вивамедийы»  Михеил Саакашвилийы   бæрæгдзау бацыды фæстæ  журналисттимæ ныхасы райхъусын кодта.

Гиорги Григолиайы   дзырдæй, зæгъгæ консилиумы  уæнгты  хатдзæг æрцæттæкæнынæн   дыууæ  боны онг бахъæудзæни. Гиорги Григолиайы фидиуæнæй,   дæс мæйы   хос кæныны фæстиуæгæн, абон Саакашвилийы  æнæниздзинады  уавæр бирæ  фыддæр у  раздæримæ  абаргæйæ.  Горги Григолиа   ноджы иу  хатт банысан кодта, цæмæй  кæд  уавæртæ  нæ  уыдзысты  ивд, кæцы  расайдта  посттравмон, стрессон   хæлд,  уæд проблемæ нæ алыг уыдзæн.

«Æз  уый нæ  дзурын цæмæй клиникæ нæу компетентон,   ацы  фæстиуæг уыдаит бæстæйы  кæцыфæнды клиникæйы, уымæн æмæ   пациент не суæгхд ис  йæ низ цы расайдта   уымæй.  Радиацийы куы бахауа  адæймаг æмæ уымæй  фæмаргджын уа, уæд æй хъуамæ ракæнай  ацы радиацион  зонæйæ æмæ йын стæй  схос кæнай. Радиацион зонæйы  куы  базайа  кæд   хоскæнынæн   ници эффект уыдзæн,  афтæ у ацы  цаы дæр» –   загхта  Гиорги Григолиа.