Гиорги Гъибрадзе – Координацион советы боны фæткы, приоритетон у оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгтæм хъусдард
Координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæр Гиорги Гъибрадзейы дзырдæй, зæгъгæ нæкæсгæ уымæ æмæ Гуырдзыстоны регионты Абхаз æмæ Цхинвалы цæугæ оккупацийы тыххæй, хицауад цух у эффективон контрол æххæст кæныны фадатæй, æхсæнуагдонон координацион советы пандемийы сидты дзуаппæн интенсивон куысты бонвæткы, приоритет здæхт у оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгтæм.
«Архайæг регуляцитæ, оккупацигонд территоритæм гæсгæ, зондзыстут периодонæй кæй ивдтой. Уымæ гæсгæ дæр, бæрæг этапыл уыцы карантины æмгъуыд, кæцы абон архайы, 14 бонæй, 5 боны онг фæкъаддæр ис. Фæнысангондæй дарддæр ма, æхсæнадæмон организацитимæ нæ активон æмгуытсады æмæ сæ æххуысы фæстиуæгæн, оккупацигонд Абхазы цæрæг пенсионертæн, социалонæй æнæхъахъхъæд, амалхъомдзинад цух æмæ бирæзæнæгджын бинонтæн арызт у сæрмагонд æххууысы æнæкарантинæй райсыны фадат. Æндæр, æнæниздзинадимæ баст æнæаргъæвгæ домæнтæ кæмæ ис ахæм уæнгты, Гуырдзыстоны централон хицауады контролгонд территоримæ, хоскæныны нысанæн, афтæдæр ис фадат æнæаргъæвгæйæ æрбахизой оккупацигонд территорийæ», – банысан кодта Гиорги Гъибрадзе.
Æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг операцион штабы хистæры фидиуæнæй, пандемийы ахæлиуы райдайæн этапыл, бæрзонд æмвæзыл райхъусын кодтой, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад иунæгæй нæ фæуадздзæн оккупацигонд территоритыл цæрæг æмбæстæгты ацы æртъхъирæны ныхæй-ныхмæ, кæцы æнæаргъæвгæйæ фæбæрæг ис конкретон архайдтытæй.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, вирусы æмæ йе превенцийы информирдзинад сбæрзонддæр кæныны нысанæн, Абхазаг æмæ Ирон æвзæгтыл цæуы зонынад сбæрзонддæры кампани. Оккупацигонд территоритыл кусæг медицинон персоналæн арызт цæуынц онлайн консультацитæ æмæ сын амонæм нæ фæлтæрддзинад.
«Уымæй уæлдай ма, нæ æххуысæй, Абхазмæ цалдæр хатт ныццыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы делегаци бынатыл уавæрæн аргъ скæнын æмæ консультацитæ ауадзыны нысанæй. Абхазы æрдæм бынатыл уыдис æмбæлон медицинон ифтонггæрзты , медикаментты æмæ æндæр хъæугæ даумайæ ифтонгад, уый нымæцы æхсæнадæмон организациты æххуысæй, гуманитарон æмæ медицинон уæзтæ æнæиу хатт нылласыны фæрцы. Абоны онг цæуы Абхазæй ковид-фæрынчынуæвджыты Гуырдзыстоны территоримæ æрласын æмæ сын ам хоскæнын. Совет интенсивон режимæй дарддæр кæны кусын, эпидемиологион уавæрмæ æмбæлгæйæ, уый нымæцы, оккупацигонд территоритæм гæсгæ архайæг регуляцитæ, ногæй æркæсынæн, уый фадат эпидемиологион уавæр куыд дæтты, афтæмæй», – райхъусын кодта Гиорги Гъибрадзе.