Гиорги Гахариайы куырдиатæй, зæгъгæ гуырдзиаг фарс цыфæнды конфликты æрмæстдæр сабырадон амæлттæй аскуыддзагы позицийы иузæрдыг у
Алы амæлттæй архайæм цæмæй ГУАМ-ы æхсæн сæрибар базарады режим бирæ азон куысты фæстиуæгæн реалондзинадæй суа – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа Киевы, ГУАМ-ы бæстæтыхицауадты сæргълæуджыты иумæйаг куырдиаты рæстæджы загъта.
Гахариа куыд банысан кодта афтæмæй, нысаниуæгджын у логистикæйы æмæ транспортон кæлидоры рапарахат кæнын, кæцы афтæдæр ахъаззаг уыдзæн сæрибар экономикон зонæйы режимæн æмæ райтынг кæндзæн экономикæ.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ГУАМ-ы хицауадты сæргълæуджытæ райгонд сты бизнесфорумы æмæ таможнæйы куыстыты къухдариуæггæнджыты фембæлдæй, кæцы иттæг нысаниуæгджын бадзырд бафыссынæй фæцис.
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы официалон визит Украинамæ абон райдыдта. ГУАМ-ы бæстæты хицауадты сæргълæуджыты абон райста Украинайы президент Владимир Зеленский. Украинайы президент Гуырдзыстоны премьер-министримæ сæрмагондæй сом фембæлдзæн.