Гиорги Гахариайы хæслæвæрдæй, стихийы зонæмæ æмбæлгæ уагдæтты минæвæрттæ араст сты
Гуырдзыстоны премьер-минситр Гиорги Гахариайы барамындæй, Рачаъамæ, стихийы зонæмæ араст сты премьер-министры уынаффæгæнæг регионалоны фарстаты Созар Субари, регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министры хæдивджытæ Ираклий Карселадзе æмæ Илиа Бегиашвили, иугонд донифтонггæнæг компанийы директор Гига Мандариа æмæ мидхъуыддæгты министрады уæлвæткон уавæрты фæткдæттæг куысты къухдариуæггæнæг Темур Мгъебришвили, мажоритар депутат Гоча Энекидзеимæ иумæ.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, хицауады сæргълæууæгы барамындмæ æмбæлгæйæ, уыдон бынатыл æрзонгæ уыдзысты стихийы фæстиуæгæн сырæзт уавæримæ æмæ цы зиан æрхаста уый, цæмæй амалуæвгæйæ цыбырдæр æмгъуыдтæм райсой æмбæлгæ скуыддзæгтæ цæрджытæн баххус кæнынæн.