Гиорги Гахариайы æмæ «Урс Уынæры Змæлды» æхсæн бадзырды домæнтыл кусын абон райдайдзæн
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа æмæ «Урс Уынæры Змæлды» минæвæртты æхсæн бадзырды домæнтыл кусын абон райдайдзæн.
Знон æхсæвы Гиорги Гахариаимæ фембæлды фæстæ «Урс Уынæры Змæлды» иуæй-иу лидер, Бека Цъикаришвили куыд дзырдта афтæмæй, абон 10:00 сахатыл æрксдзысты министримæ иумæ майрæмбоны æхсæвы фæзындты.
«Уый цæттæ у, зуаппмæ ратта уыдоны, чидæрриддæр йæ æххæстбарты сæрты ахызт»- загъта Бека Цъикаришвили. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон райстой дзырлæвæрд цæмæй сног уыдаит наркополитикæйыл кусын.
Министр акцийы хайадисджытæн баныфсвæрдта, цæмæй абоны фембæлдыл уыдонимæ иумæ афæлгæсдзæн зæгъгæ майрæмбоны боны алы минуты.
Мидхъуыддæгты министр хатыр ракуырдта акцийы хайадисджытæй æмæ сæм æрсидтис уыдон дæр ракурой хатыр уыцы полициæгтæй, кæцыты дæр бафхæрдтой.
«Алы уыцы адæймаг, кæцытæ дæр иумæ æрныхас кæндзыстæм цæмæй йæ бартæ саст фæцыдысты, цæй зæгъын æй хъæуы йæ бартæ ногæй арæзт æрцæудзысты. Афтæдæр уын дзырд дæттын, цæмæй мах конкретон фæстиуæг райсдзыстæм наркополитикæйы æрдæм.
Афтæма, разы стæм уыйимæ, цæмæй кæд ацы ныфсæвæрдтæ нæ сæххæст уыдзысты, уæд нæм кæддæриддæр ис фадат, ацы сæрибар сахары, сæрибар парламенты раз афтæ æрымбырд уæм, æмæ фæнды кафгæ кæнæм фæнды заргæ» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, алкæцы æмбæстагы æдасдзинад æмæ æнæниздзинад сегасæй ахсджиаг дæр у зæгъгæ.
«Фæнды мæ ракурон уæ, бакоммæ кæсут полицийы амындтæм, цæмæй бахъахъхъæнæм нæхи æмæ не æмбæстæгты æдасдзинад, уый у принципонæй нысаниуæгджын. Æндæр цауы та, алы дыккаг æмæ æртыккаг гъæды рард, фæнды фыццаг дæр уæт, кæцыйыл фæныхас кодтам, уыдзæн бынтон ницæйаг уымæн æмæ алы æмбæстагы æдадсзинад æмæ æнæниздзинад у сегасæй нысаниуæгджындæр æнæкæсгæ йæ ориентацимæ, динмæ кæнæ кармæ» – расидтис Гиорги Гахариа.
МХ министримæ фембæлды фæстæ «Урс Уынæры змæлды» акций айхæлдис.