Гиорги Гахариа – Уыдзыстæм тынг активон, эффективон æмæ объективон
Никуы тарстыстæм карз фарстатæй æмæ кæддæриддæр цæттæ уыдыстæм, æмбæлон дзуаппытæ раттын, – уый тыххæй журналисттæн Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа райхъусын кодта.
Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг дыууæ сенаторты абон ахæлиугонд фыстæгмæ гæсгæ фарстыл ратта дзуапп æмæ банысан кодта, цæмæй хицауад ацы фарстайыл тынг активон уыдзæн.
«Куыд æй зонут афтæмæй, Гуырдзыстонмæ æрцыд АИШ-ы ног минæвар, æввахс периоды парламенты делегаци абалц кæндзæн Америкæмæ. Бауырнæнт уæ, уыдзыстæм тынг активон, тынг эффективон æмæ уыйимæ иумæ, объективон дæр, алцыппæт уымæ гæсгæ, цæмæй дæр ерын ахæм хъæлæба райдыдтат. Ноджы иу хатт хаххгондæй банысан кæндзынæн – Америкæйы Иугонд Штаттæ у нæ стратегион партнер» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.