Гиорги Гахариа – уыдис нæм конкретон информаци дестабилизацийы фæдыл, полици ацы уавæрты дæр сæххæст кæндзæн йæ функци, срæвдз кæндзæн акцийы хайадисджыты æдасдзинад
Уыдис нын конкретон информаци детабилизайцийы тыххæй, уымæ гæсгæ дæр, ацы уавæрты дæр полици кæронмæ сæххæст кæндзæн йæ функци, срæвдз кæна дзыллæй æдасдзинад æмæ фыццаджы дæр та, акцийы хайадисджыты – уый тыххæй МХ министр Гиорги Гахариа Руставелийы проспектыл айтынггонд фæзындтæн аргълæвæрды рæстæджы райхъусын кодта.
«Хъусын уын кæнын, цæмæй нæм уыдис конкретон информаци дестабилизацийы тыххæй, уымæ гæсгæ дæр, хаххгондæй мæ фæнды банысан кæнынацы уавæрты дæр полици кæронмæ сæххæст кæндзæн йæ функци, срæвдз кæна дзыллæй æдасдзинад æмæ фыццаджы дæр та, акцийы хайадисджыты.
Афтæдæр мæ фæнды банысан кæнын, цæмæй иу адæймагы зæрдæрысстæй къуындæг политикон нысæнттæн спайда кæнын кæнæ искæцы æндæр хуызы интерестæн, æгадгæнæг у нæ алкæцы æмбæстагæн» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Мидхъуыддæгты министры фидиуæнæй, афтæма, полици кæддæриддæр архайдта æмæ быхстис йæ æмбæстæгтыл æмæ адарддæр кæндзæн акцийы хайадисджытыл аудын.
«Мах кæддæриддæр лæууæм не мбæстæгты фарсмæ, иумæ ахуыр кæнæм нæ бæстæйы фидæн амайын, нæ нысан у размæцыд æмæ æдасдзинад. Цатыр никуы уыдис нæ архайдты нысан. Полици кæддæриддæр архайдта æмæ быхстис йæ æмбæстæгтыл æмæ адарддæр кæндзæн акцийы хайадисджытыл аудын, æмæ фыццаджы дæр та акцийы хайадисджыты æдасдзинады интерестæй рацæугæйæ. Фæлæ фæфиппайдтам эскалацийы рæзгæ тас, рискъыты гæнæн æмæ дестабилизацийы рискъ, мах афтæ бацархайдтам, æмæ райстам уыцы уынаффæтæ æмæ абон парламенты раз уынæм хъæугæйæ бирæ фылдæр цатыр.
Полици кæддæриддæр архайдта æмæ быхстис йæ æмбæстæгтыл æмæ адарддæр кæндзæн акцийы хайадисджыты æдасдзинадыл аудын. Уый тыххæй мах сараздзыстæм алцыппæт, спайда кæндзыстæм алы инструментæй, кæцы нæм уыдзæн, фæтыхджындæр кæндзыстæм алы хайад» -райхъусын кодта Гахариа.