Гиорги Гахариа - Уыцы компанитæн, кæцытæ архайынц хæринаг продуктты бынæттон кондады фыццагон куыстдæттыны, паддзахад субсидитæй баххуыс кæндзæн электроэнергийы фæзынаргъгонд æмæ уæвæг тарифты æхсæн хъауджыдæрдзинады 50% бафидыны
Уыцы компанитæн иууылдæр, кæцытæ архайынц хæринаг продуктты бынæттон кондады фыццагон куыстдæттыны, паддзахад субсидитæй баххуыс кæндзæн электроэнергийы фæзынаргъгонд æмæ уæвæг тарифты æхсæн хъауджыдæрдзинады 50% бафидыны, – уый фæдыл премьер-министр, Гиорги Гахариа, райхъусын кодта брифингыл.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ацы уынаффæйы фæстиуæгæн, электроэнергийыл тарифы рæзт, Гуырдзыстоны конд хæринаг продуктты аргътыл нæ фæзындзæнис.
«Зондзыстут æй, электроэнергийы тариф фæзынаргъ уыдзæн æнæ æрмæст физикъон уæнгтæн, фæлæ ма организацитæн дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæстагмæ фæлхасгæнджытæн продукцийы аргъыл ацы фæзынаргъгонд тарифы алæвæрды риск ис. Ацы нысанæн, Гуырдзыстоны хицауад рахаста уынаффæ, цæмæй алы уыцы компанийæн, кæцытæ архайынц хæринаг продуктты бынæттон кондады фыццагон куыстдæттыны, паддзахад субсидитæй баххуыс кæндзæн электроэнергийы фæзынаргъгонд æмæ уæвæг тарифты æхсæн хъауджыдæрдзинады 50% бафидыны 2021 азы дæргъы. Уый у минимум, кæцы нын дæтты фадат, уырнæг уæм, цæмæй электроэнергийыл тарифы рæзт Гуырдзыстоны конд хæринаг продуктты фæстагон аргъыл нæ фæзындзæнис», – райхъусын кодта Гахариа.