Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа ног постыл куыстмæ абонæй æрывнæлдта. Гахариа хицауады администрацимæ абон сæумæрайсомæй бацыд.
Гуырдзыстоны парламент Гиорги Гахариайæн æмæ хицауады ног скондæн, æууæнк знон расидтис. Хицауад райста 98 депутаты фарсхæцынад.
Гиорги Гахариа «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауады, 2017 азы 13 ноябрæй мидхъуыддæгты министры æмæ вице-премьеры постытæ ахста. Афтæдæр уыд националон æдасдзинады советы нымæрдар.
2016 азы 27 ноябр-2017 азы 13 ноябры периоды Гиорги Гахариа Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынадæ министр уыд, уæдмæ та къухдариуæг кодта экономикон советæн, афтæдæр уыд Гуырдызстоны бизнесомбудсмен.