Парламент, Гиорги Гахариайæн æмæ хицауады ног скондæн æууæнк расидтис
Парламент, Гиорги Гахариайæн æмæ хицауады ног скондæн æууæнк расидтис

Гуырдзыстоны парламент Гиорги Гахариайæн  æмæ  хицауды  ног  скондæн  æууæнк расидтис. Хицауад 98  депутаты  разыдзинад райста.  Халæппæрсты  хайад нæ иистой   «Националон Змæлды», «Европаг Гуырдзыстоны»  æмæ  «Патриотты Альянс».

Хицауады сконд абонæй  фæстæмæ  ахæм у: 

Гиорги Гахариа –Гуырдзыстоны премьер-министр

Майя Цкитишвили –  регионалон рæзынады æмæ  инфраструктурæйы  министр

Натела Турнава – экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ  рæзынады министр

Давит Залкалиани – фæсарæн хъуыддæгты министр

Иванэ Мачъавариани –  финансты министр

Михеил Батъиашвили, ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ  спорты министр

Леван Давиташвили – æрдзы хъахъхъæды æмæ  хъæууон хæдзарады министр

Экатерине Тъикъарадзе – оккупацигонд территоритæй лигъдæтты,  куысты, æнæниздзинады æмæ социалонхъахъхъæды министр

Вахтанг Гомелаури – Мидхъуыддæгты министр

Ираклий Гъарибашвили – хъахъхъæнынады министр

Тея Цъулукиани – юстицийы министр

Кетеван Цихелашвили – Фидыды  æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министр.