Гиорги Гахариа - никæмæн ницы бæлвырд кæнæм, аразæм нæ бæстæйы цы хъæуы уый, нæ нысан у эконмоиконæй фидар, ахуыр, рæстаг, Европаг паддзахад
Зестафонийы индустриализацийы фæтынг кæныныл ныхасы рæстæджы, кæцы бынæттон кондады райрæзты комкоммæ амонæг у , рох нæ ма хъуамæ кæна экологи æмæ дзы ам хъуамæ ссарæм баланс, куыстбынæттæ нæ куы хъæуы, экпосртмæ продукци æмæ металурги дæр, фæлæ афтæ цæмæй, нæ фидæны фæлтæртæ æмæ карджынтæ ма хъуамæ рынчын кæной уæззау экологион уавæры тыххæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа, Зестафонийы, Багъдаты, Терджола æмæ Тъхъибулы «Гуырдзиаг Бæллиццы» мажоритар депутаттæм кандидат Бежан Цъакадзейы бавдисын рæстæджы загъта, Зестафоны.
Премьер-министр банысан кодта, ома Зестафон кæддæриддæр хицæн кодта Гуырдзыстоны, куыд индустрион горæт æмæ ам æрмæст металургийыл нæ цæуы ныхас. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Зестафон афтæдæр тынг размæцыд уыд элеткроэнергетикæйы, хæлцады кондадты, хъæууон хæдзарад æмæ бирæ æндæр æрдæмадæй.
Гиорги Гахариа ма банысан кодта, цæмæй хицауад зæгъгæ алцыппæт хъуамæ сараза уымæн цæмæй фыццаджы дæр куыстбынæттæ сæвзæрын кæнын максималонæй баахъаз кæна.