Гиорги Гахариа - Ницы æнтыст нæ уыдзæн фæстиуæгджын, кæд æмæ бæстæйы демократизацийы консолидацидзинады процессы нын нæ уыдзæн реалон фæстиуæг
Хицауадон программæйы фæдыл куы ныхас кæнæм, уæд иттæг нысаниуæгджын у бæстæйы демократизацийы дарддæры консолидацидзнад, сæ нымæцы, адæймаджы барты хъахъхъæды цæстæнгасæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа парламенты фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæнгтимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг бахахх кодта, цæмæй ницы æнтыст уыдзæн фæстиуæгджын, кæд бæстæйы деморктизацийы консолидацидзинады процессы нæ уыдзæн реалон фæстиуджытæ.
«Ницы æнтыст, зæгъæм æдасдзинады, реформæты, кæнæ экономикон рæзынады æрдгæй, нæ уыдзæн фæстиуæгджын æмæ нæ кæронбæттæн нысанмæ нæ фæхæццæ кæндзæн, кæд æмæ бæстæйы демократизацийы консолидацидзинады процессы нын нæ уыдзæн реалон фæстиуæг, кæд адæймаджы барты хъахъхъæды стандарттæм æмбæлон æмвæзад не рфидар кæндзыстæм бæстæйы. Уый алчи дзæбæх æмбарæм æмæ нæ бал кæддæриддæр æнтстджын уыд ацы цæстæнгасæй», – загъта Гиорги Гахариа.