Гиорги Гахариа – МХМ сбæрæг кодта чи уыдис Мирза Субелиани, æмæ йæ йеуæд æрцахста, æнæмæнгхъæуæг куы баис
Мидхъуыддæгты министрад сбæрæг кодта, чи уыдис Мирза Субелиани, æмæ æнæмæнгхъæуæг куы баис уæд æй æрцахста – ахæм дзуапп ратта МХ министр, Гиорги Гахариа Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддаджы фæдæвзарæг рæстæгмæ камисы рабадтыл Ираклий Абесадзейы фидиуæнæн, ома МХМ марындзинадæй бонæй, дыууæ мæйы дæргъы нæ базыдта чи уыд Мирза Субелиани.
Гиорги Гахариа куыд райхæлдта афтæмæй, МХМ Мирза Субелианийы æрцахста 2018 азы июны, фæлæ чи уыдис уый задта уæдмæ дæр.
Ираклий Абесадзе, МХ министры бафарста, цæмæн схуыдта фæдæвзарæг Ираклий Пипиа Мирха Субелианийы официалон протоколы мидæг æнæбæрæг нæлгоймагæй.
«Каландиаты хæдзарæй куы систой видеокамерæты ныффыст, уæ уагдоны минæвар, протокоолы не сфиксир кодта Мирза Субелианийы бацыд Каландиаты хæдзармæ æмæ йæ схуыдтæ æнæбæрæг нæлгоймагæй, уыцы моменты та фæцæйцыд Тенгиз Каландиаимæ иумæ»- банысан кодта Ираклий Абесадзе.
Ацы фидиуæны дзуаппæн, МХ министр райхъусын кодта, цæмæй фæдæвзарæг Ираклий Пипиа, нæ зыдта Мирза Субелианийы, фæлæ уый фæдæвзарынадыл зæгъгæ нæ фæзындис.
Ираклий Абесадзейы ныхæстæм гæсгæ, Ираклий Пипиа, фæдæвзарæг камисы рабадтыл райхъусын кодта, цæмæй нæ зыдта Мирза Субелианийы, фæлæ телефонон ныффыстытæй фиксир кæны, цæмæй 2017 азы декабры, фæныхас кодта Мирза Субелианиимæ.
«Уадзын уый, цæмæй æцæгдæр гæнæн ис нæ йæ базыдтаит, æмæ уый æмæ цæмæй фæдæвзарыны процессы йæм 12 хатт фæдзырдта, æппынæдзух нæ нысан кæны уый, цæмæй йæ зыдта. Сымахæн уыдис фадат Пипиайæн фрастытæ раттын, цæмæй ерын ам спектакльтæ ма сæвæрдтаиккат» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.