Гиорги Гахариа - Мидхъуыддæгты министрады 5минæвар куы фæцæф вæййы, техникæ куы судзы  уæд  æндæр цæуылдæр хъуамæ бабыхсæм  æмæ стæй та æркæсдзыстæм ГЭС-тæм
Гиорги Гахариа - Мидхъуыддæгты министрады 5минæвар куы фæцæф вæййы, техникæ куы судзы уæд æндæр цæуылдæр хъуамæ бабыхсæм æмæ стæй та æркæсдзыстæм ГЭС-тæм

Мидхъуыддæгты  министр  Гиорги Гахариа  наридæгæн Панкисы  Комы  уæвы. Уый  спецназы  минæвæрттимæ  аныхас кодта æмæ   уавæримæ  зонгæ  кæны.

«Мидхъуыддæгты министрады 15минæвар куы фæцæф вæййы,  техникæ куы  судзы  уæд  æндæр цæуылдæр хъуамæ бабыхсæм  æмæ  стæй та æркæсдзыстæм ГЭС-тæм» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

МХ министры  дзырдæй,   спецназы  дзуаппон реакци уый расайдта, æмæ  цæрджытæ  сыл дуртæ æхсын райдыдтой,  министры фидиуæнæй,   уый  зæгъгæ  æнæруадзгæ у  æмæ йыл реакци уыдзæн тызмæг.

Спецназы æмæ  акцийы  хайадисджыты  рæстæджы   цалдæр  адæймаг фæцæф ис, куыд акцийы  хайадисджытæ, афтæ  барадхъахъъхæнджытæ  æмæ   журналисттæ.   Ис дзы  ахстгондтæ  дæр, фæлæ   сæ   нымæцы  фæдыл  официалон информаци нæ  хæлиу кæны.

Панкисы Комы   бынæттон   цæрджыты æмæ  сипециалон нысаниуæгы балы æхсæн    радон быцæудзинады  рæстæджы  цалдæр адæймаг райста зиан, сæ нымæцы ис журналисттæ  дæр.Акцийы   хайадисджытæ  спецназы балыл  дуртæ æмæ лæдзгуытæ  æхсынц, æрымбырдуæвджыты ныхмæ та   спецназы  балы минæвæрттæ   цæссыгуадзæн газ  æмæ  резинæйæ  нæмгуытæй   спайда кодтой. Бынæттонтæ  ГЭС-ы   арæзтад протест кæнынц.