Гиорги Гахариа - Мидхъуыддæгты министрады 5минæвар куы фæцæф вæййы, техникæ куы судзы уæд æндæр цæуылдæр хъуамæ бабыхсæм æмæ стæй та æркæсдзыстæм ГЭС-тæм
Мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа наридæгæн Панкисы Комы уæвы. Уый спецназы минæвæрттимæ аныхас кодта æмæ уавæримæ зонгæ кæны.
«Мидхъуыддæгты министрады 15минæвар куы фæцæф вæййы, техникæ куы судзы уæд æндæр цæуылдæр хъуамæ бабыхсæм æмæ стæй та æркæсдзыстæм ГЭС-тæм» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
МХ министры дзырдæй, спецназы дзуаппон реакци уый расайдта, æмæ цæрджытæ сыл дуртæ æхсын райдыдтой, министры фидиуæнæй, уый зæгъгæ æнæруадзгæ у æмæ йыл реакци уыдзæн тызмæг.
Спецназы æмæ акцийы хайадисджыты рæстæджы цалдæр адæймаг фæцæф ис, куыд акцийы хайадисджытæ, афтæ барадхъахъъхæнджытæ æмæ журналисттæ. Ис дзы ахстгондтæ дæр, фæлæ сæ нымæцы фæдыл официалон информаци нæ хæлиу кæны.
Панкисы Комы бынæттон цæрджыты æмæ сипециалон нысаниуæгы балы æхсæн радон быцæудзинады рæстæджы цалдæр адæймаг райста зиан, сæ нымæцы ис журналисттæ дæр.Акцийы хайадисджытæ спецназы балыл дуртæ æмæ лæдзгуытæ æхсынц, æрымбырдуæвджыты ныхмæ та спецназы балы минæвæрттæ цæссыгуадзæн газ æмæ резинæйæ нæмгуытæй спайда кодтой. Бынæттонтæ ГЭС-ы арæзтад протест кæнынц.