Медикаменттыл аргъ бæстæйы хъуамæ фæаслам уа æмæ нæ æмбæстæгты дзыппæй бафидын хъуамæ фæкаддæр уа, сæйраг рард у уый, цæмæй уый ма хъуамæ фæзына гъæд æмæ хоскæнын эффективондзинадыл; æввахс периоды ацы æрдæмадæй фыццаг къахдзæфтæ сараздзыстæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа парламенты, фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæнгтимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй æнæнизхъахъхъæды системæйы реформæйæн хъæуы стыр рæстæг, сæрмагондæй та нæ зæрдыл куы бадарæм уыцы уавæр, цавæры дæр уыд системæ аст азы размæ. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, дзиппæй фидын фæкаддæр кæнын у дарддæры фыццаг æмæ сегасдæр приоритетон рард, кæцыйы æнæнизхъахъхъæды системæ хъуамæ сыххæст кæна, афтæ куыд фыццагон æнæнизхъахъъæды системæйы стынг æмæ реформир кæнын.
Гахариайы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, нырид зæгъгæ бантыстис медицинон лæггад рæувадат скæнын æппæтон æнæнизхъахъхъæды системæйы фæрцы.
«Нæдæр æппæтон æнæнизхъахъхъæды системæ у абон идеалон, уымæн дæр хъæуы дарддæры реформир кæнын æмæ ацы реформæ, æнæнизхъахъхъæды министрады райдыдтой, фæлæ æмбæстагы дзиппæй фидын фæкаддæр кæнын у дарддæры фыццаг æмæ сегасдæр приоритетон рард, кæцыйæн æнæнизхъахъхъæды системæ дзуапп хъуамæ ратта, афтæ куыд æнæнизхъахъхъæды системæйы стынг æмæ реформир кæнын», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.