Гиорги Гахариа – Локдаун нал æрбайсдзыстæм, æнæмæнгхъæугæ нал у, бæстæйы экономикæ уымæн нал бафæраздзæн
Локдаун нал æрбайсдзыстæм, ницæмæн нæ хъæуы, бæстæйы экономикæ йын нал бафæраздзæн, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа райхъусын кодта.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, вирусимæ цæрын æмæ тох дæргъвæтин процесс у, кæцы æлчи хъуамæ æмбарид.
«Фыццаг уылæны рæстæджы раст аргъ скодтам цы ресурс нæм ис уымæн, рахастам риссаг уынаффæтæ æмæ вазыгджын локдаун æрбайстам, фæлæ нæ ма хъуамæ рох кæнид уый цæмæй йеуæд элементарон маскæтæ нын нæ уыд бæстæйы, æмæ уыд маскæты дефицит. Уæд арызтам 200 басгæрст æмæ дунеимæ иумæ ацы вирусы фæдыл ницы зыдтам, ныфс нæм уыд, цæмæй цалдæр мæймæ фæзындаит вакцинæ. Хъыгагæн, вакцинæ нæ фæзындис, абон стæм æндæр уавæры. Уæд карз арæнæвæрдтæ æмæ локдаун уыд абсолютонæй раст. Абон та æппæт дуне разы кæны, цæмæй вирусимæ тохы сегасдæр эффективон амал у маскæ дарын, кæцы 90 процентæй фылдæр каддæрдæр кæны инфицирады риск, цæй зæгхын æй хъæуы ахæм локдаун нал æрбайсдзыстæм, уый æнæмæнгхъæугæ нал у, æмæ бæстæйы экономикæ уымæн нал бафæраздзæн. Уый тыххæй дæр алчи хъуамæ бамбарæм уый, цæмæй вакцинæ райсом æмæ иннæбон нæ фæзындзæн, вирусимæ тох æмæ цæрын дæргъвæтин процесс у. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ацы дæргъвæтиндзинадмæ гæсгæ, нæ стратеги ивы, кæцы у вирусимæ адаптаци æмæ йæ контрол кæнын. Сегасдæр раст уынаффæ уыдзæн, ранæй-рæтты арæнæвæрдтæ æмæ балансы раст ахсын», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.