Гиорги Гахариа – Куыддæр дзы эпидемиологион бæрæггæнæнтæ цыппар процентæй каддæр уыдзысты, алцыппæт хъуамæ сырæза, цæмæй ахуыргæнæндæттæ скусын кæнæм
Дарддæр сегасдæр нысаниуæгджын къахдзæф, кæцы Гуырдзыстоны хицауады бахъæудзæн саразын, у ахуырады æмæ фыццаджы дæр райдайæн ахуыргæнæндæтты байгом кæнын – уый фæдыл премьер-министр Гиорги Гахариа æхсæнуагдонон координацион советы рабадтыл фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ куыддæр дзы эпидемиологион бæрæггæнæнтæ цыппар процентæй бынмæ æрхиздзысты, афтæмæй алцыппæт хъуамæ сырæза, цæмæй ахуыргæнæндæттæ скусой.
«Тынг дзæбæх æмбарæм, цас нысаниуæгджын у сколадзауты æмæ сæ ныйарджытæн дæргъвæтин периодæй хæдзары уæвын æмæ уый, цæмæй сæм нæй фадат физиконæй уой ахуыргæнæндæтты. Ам дæр мах куыддæр эпидемиологион уавæр нын уый фадат ратдзæн æмæ бæрæггæнæнтæй цыппар процентæй къаддæр уыдзысты, алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй тагъд скусын кæнæм сегасдæр ахсджиаг сферæ, сæрмагондæй та нæ хъæбултæн», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.