Гиорги Гахариа хъусын кæны, цæмйæ стихийы зонæйæ гæнæн ис, цалдæр бинонты æндæр ран æрцæрын кæнын бахъæуа
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хъусын кæны, цæмæй Рачъайы цалдæр хæдзары бинонтæ рискъы зонæй цæрынц æмæ гæнæн ис сæ æндæр ран æрцæрын кæнын бахъæуа. Уый фæдыл Гиорги Гахариа Онийы райхъусын кодта, цы ран стихийы фæстиуæгæн сырæзт уавæр æмæ стихийы фæстиуджыты ликвидацион куыстытæ бæрæг кæны.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр Шовы туристонæй ныццæугæ тынг бирæ уазæг ис æмæ хицауад алы хæдзарон типы фысымуатæн баххуыс уыдзæн, цæмæй сæ уазджытæн дискомфорт ма уа.
«Уый тыххæй цæмæй иу мæйы дæргъы гæнæн ис, Шовимæ нормалон бастдзинад фæндагы аххосæй проблемон уа, алкæмæн, хæдзарон типы алы фысымуатæн баххуыс уыдзыстæм цæмæй уазджытæн дискомфорт уа минималон. Ацы æрдæм уыдзæн стыр хъусдард. Æмбæлгæ штаб кусы. Штабæн къухдариуæг кæны губернаторы иуæй-иу хæдивæг. Алы министрады минæвар, кæцы æнæмæнгхъæугæ у, ам уа, уыдзæн ам æмæ ацы штабимæ мын сæрмагондæй уыдзæн æрвылбойнон бастдзинад» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.