Гиорги Гахариа хъусын кæны, цæмæй президентæй ракуырдта,   президенты галуаны  Мамука Хазарадзеимæ иумæйаг фембæлд  цалдæр сахатæй ахæцын, цæуылдæр Саломэ Зурабишвили сразы ис
Гиорги Гахариа хъусын кæны, цæмæй президентæй ракуырдта, президенты галуаны Мамука Хазарадзеимæ иумæйаг фембæлд цалдæр сахатæй ахæцын, цæуылдæр Саломэ Зурабишвили сразы ис

Гиорги Гахариа  хъусын кæны, цæмæй  президентæй ракуырдта  Мамука Хазарадзетмæ   фембæлд æхсæз сахатмæ  ахæцын, цæуылдæр Саломэ Зурабишвили  сразы ис.

Парти «Гуырдзыстоны Тыххæй»-ы  лидер Гиорги Гахариа   социалон хызаджы  ныффыста.  Гахариа куыд фыссы  афтæмæй,  фембæлд  æхсæз сахатмæ уыд æргъæвд.

«Мæ зæрдыл дарын  Мамука Хазарадзейы  куырдиат. Фæныхас кодтон цытджын  президентимæ  æмæ   йæ ракуырдтон   президенты  галуаны фембæлд цалдæр сахатæй ахæцын.

Президент сразы ис, фембæлд ахастам æхсæз сахатмæ, фæлæ ацы фарста  фылдæр рæстæгæй  ахæцын гæнæн нал ис»-  фыссы Гиорги Гахариа.

Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили  Мамука Хазарадзейы æмæ Гиорги Гахариайы  партитæм  баиу кæнынмæ æрсидтис æмæ райхъусын кодта, цæмæй  17 сентябры   консултацитæм сæ хоны  ОРбелианиты галунамæ.

Уыимæ Мамука Хазарадзе «Фейсбукы» фарсыл ныффыста, цæмæй  цæттæ у,  кæцыфæнды моменты фембæла Гиорги Гахариаимæ сæрмагондæй æмæ  æрмæст уый фæстæ  фембæлой  президентимæ.