Гиорги Гахариа - хъуамæ кæрон скæнæм поляризаци æмæ бакой кæнæм æнтыстджын падздахад арæзтад
Зноны бон ноджы иу хатт равдыста, цæмæй радикализм æмæ радикалон позицитæ та фæстæмæ уыцы знаггадгæнæг фактор у, кæцы хъыг дартта æмæ хъыг дары нырыккон гуырдзиаг паддзахад арæзтад, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр Гиорги Гахариа фыссы социалон хызагы.
«Абон Гуырдзыстоны хæдбарад ногæй рацаразыны фæдыл ацæугæ референдумы æмæ бæстæйы фыццаг преиздент Звиад Гамсахурдиайы гуырæн бон у.
Ай уыд фæсæттæн момент нæ бæстæйы иууыл ног историйы – 1991 азы 31 марты ацæугæ референдум Гуырдзыстоны Хæдбарад райхъусын кæныны æмæ нырыккон гуырдзиаг падзахады арæзтады бон у.
Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ ацы референдумы хайад истой Гуырдзыстоны цæрджытæ, Абхаз æмæ Цхинвалы регион хынцгæйæ. Хæдбар гуырдзиаг падздахады бындурæвæрд уыдоны æвзæрст дæр уыдис æмæ уый кæддæриддæр хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, раст афтæ куыд уый æмæ ацы регионтæ нырма дæр Уæрæсейы оккупацийы бын сты.
Абон сæ ном ссардзынæн Звиад Гамсахурдиа æмæ Мераб Коставайæн, кæцыты хайбавæрд, Гуырдзыстоны национ-ссæрибаргæнæн змæлды арæзтады æмæ Гуырдзыстоны Хæдбарад ногæй рацаразыны хъуыддаджы æгæрон у.
Падзахады арæзт дæргъвæтин æмæ быцæусидтытæй æфсæст процесс у æмæ ацы процессы алчидæр хæсджын стæм, сæрмагонд хайбавæрд скæнын.
30 азы рацыд падзахад арæзтад райдайæнæй…
Зноны бон ноджы иу хатт равдыста, цæмæй радикализм æмæ радикалон позицитæ та фæстæмæ уыцы знаггадгæнæг фактор у, кæцы хъыг дартта æмæ куылымпы кæны нырыккон гуырдзиаг паддзахад арæзтад.
Кæрон хъуамæ скæнæм политикон поляризаци æмæ æнтыстджын паддзахад саразыныл бакой кæнæм», – фыссы Гиорги Гахариа.