Гиорги Гахариа -  хъуамæ  кæрон скæнæм  поляризаци æмæ бакой кæнæм æнтыстджын падздахад арæзтад
Гиорги Гахариа - хъуамæ кæрон скæнæм поляризаци æмæ бакой кæнæм æнтыстджын падздахад арæзтад

Зноны бон   ноджы иу  хатт   равдыста, цæмæй  радикализм  æмæ  радикалон   позицитæ  та  фæстæмæ  уыцы  знаггадгæнæг фактор у, кæцы  хъыг дартта æмæ хъыг дары   нырыккон  гуырдзиаг   паддзахад  арæзтад, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр  Гиорги Гахариа   фыссы социалон хызагы.

«Абон Гуырдзыстоны  хæдбарад ногæй  рацаразыны фæдыл ацæугæ референдумы  æмæ  бæстæйы  фыццаг преиздент Звиад Гамсахурдиайы  гуырæн бон у.

Ай уыд фæсæттæн момент   нæ бæстæйы  иууыл ног историйы – 1991  азы 31 марты  ацæугæ  референдум Гуырдзыстоны Хæдбарад райхъусын кæныны  æмæ нырыккон  гуырдзиаг  падзахады арæзтады  бон у.

Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ ацы  референдумы  хайад истой  Гуырдзыстоны цæрджытæ, Абхаз æмæ Цхинвалы регион  хынцгæйæ.  Хæдбар  гуырдзиаг падздахады бындурæвæрд  уыдоны æвзæрст дæр уыдис  æмæ  уый  кæддæриддæр хъуамæ нæ зæрдыл дарæм,  раст афтæ  куыд  уый æмæ   ацы регионтæ нырма дæр  Уæрæсейы  оккупацийы бын сты.

Абон сæ   ном  ссардзынæн Звиад Гамсахурдиа æмæ Мераб Коставайæн, кæцыты хайбавæрд, Гуырдзыстоны национ-ссæрибаргæнæн  змæлды арæзтады æмæ Гуырдзыстоны Хæдбарад ногæй рацаразыны хъуыддаджы  æгæрон у.

Падзахады  арæзт   дæргъвæтин æмæ   быцæусидтытæй æфсæст   процесс у æмæ ацы процессы  алчидæр  хæсджын стæм,  сæрмагонд хайбавæрд скæнын.

30 азы рацыд  падзахад арæзтад  райдайæнæй…

Зноны бон  ноджы иу хатт равдыста, цæмæй радикализм  æмæ  радикалон позицитæ та  фæстæмæ уыцы  знаггадгæнæг фактор у, кæцы  хъыг дартта æмæ куылымпы кæны нырыккон  гуырдзиаг паддзахад  арæзтад.

Кæрон хъуамæ скæнæм  политикон  поляризаци æмæ   æнтыстджын  паддзахад саразыныл бакой  кæнæм», – фыссы Гиорги Гахариа.