Гиорги Гахариа хицæн æмæ хицауадон организацитæм æрсидтис, максималонæй кусой дистанцион режимæй
Фæнды мæ хаххгондæй банысан кæнын, организацитæ, сæрмагондæй хицæн æмæ хицауадон организациты бæрн. Максималонæй хъуамæ ахизат алчи дистанцион режиммæ, уый фадат кæм ис иууылдæр – уый тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы коммерцион организаци, йæ кусджыты æдасдзинад хъуамæ сфитонг кæна æмæ æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ райса.
«Фæнды мæ хаххгондæй банысан кæнын, организациты, сæрмагондæй та хицæн хицауадон организациты бæрн. Максималонæй хъуамæ ахизат алчи дистанцион режиммæ, уый фадат кæм ис иууылдæр. Уый у рекомендаци. Алы коммерцион организаци, кæцытæн мах кæддæриддæр сæ къух арызтам, цæмæй сæ куыст ма фæлæууыдаит, ацы бæрн хъуамæ дарой сæ зæрдыл. Дæнцæн, Поты фæстаг периоды цы æрцыд уый, иу организацийы 100-ы онг рынчын куы рабæрæг ис, ахæм моментæй хибахизынæн, нæ кусджытыл хъуамæ абцауæрдæм, сагъæс сыл кæнæм æмæ сæ сифтонг кæнæм алы хæъугæ фæрæзтæй, цæмæй ацы адæм сæхи бахъахъхъæной. Маскæйæ æмæ алы хъæугæ фæрæзтæй» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.