Гиорги Гахариа – Хæлиу кæны хахуыр, цыма хицауад, Хъазбегы дæр хъавы арæнæвæрдтæ сфидар кæнын, фæлæ ницы рискъ ис
Цыдæр хахуыртæ хъуысынц æндæр æмæ æндæр медиафæрæзты, цыма хицауад Хъазбегы дæр хъавы арæнæвæрдтæ сфидар кæнын, фæлæ ницы рискъ ис. Абон Хъазбегы афтæ куыд Ларсы ауадзæн пунктыл, эпидемиологион уавæр æххæстæй контрол кæнæм – уый фæдыл Гиорги Гахариа æхсæнуагдонон координацион советы рабадтыл райхъусын кодта.
Гахариайы дзырдæй, зæгъгæ абоны бæрæггæнæнтæй, æхсæнадæмон уаргъты ласæг 54 205 тæрæгæн сырæзт басгæрст, кæцытæй вирус сбæлвырд ис 788 адæймагмæ.
«Гæнæн ис фенхъæлæм цæмæй стыр нымæц у, фæлæ бæстæмæ æрбахизæг иунæг ахæм адæймаг дæр уыд гæнæн суыдаит стыр фæкарзы аххос. Адон сты уыцы æрдæмадтæ, кæцытæм стыр хъусдард æмæ арæхсгай ахаст дарын хзъæуы» – райхъусын кодта премьер-министр.
«Уымæй уæлдай ма, зондзыстут æй, мидхъуыддæгты министрады цалдæр кусæг фæрынчын сты, кæцытæ куыстой Ларсы ауадзæн пунктыл. Ныр цыдæр хахуыртæ хæлиу кæнынц æндæр æмæ æндæр медиафæрæзты, цыма хицауад Хъазбегы дæр хъавы арæнæвæрдтæ сфидар кæнын, фæлæ ницы рискъ ис. Абон Хъазбегы афтæ куыд Ларсы ауадзæн пунктыл, эпидемиологион уавæр æххæстæй контрол кæнæм. Уый тыххæй дæр адон сты æрмæстдæр хахуыртæ æмæ Хъазбегы сыхгæнын кæнæ исты арæнæвæрдтæ æрбайсын ничи хъавы» – загъта Гиорги Гахариа.