Гиорги Гахариа – IMF ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны æнтыстытæ экономикæйы цæстæнгасæй, сæрмагондæй та хицауады бакуыст бизнесæн æххуысы план
Знон ацыд Æхсæнадæмон Валютон Фонды (IMF) дарддæры, 7-æм фембæлд, кæцыйыл каст цыд Гуырдзыстон программæ сæххæсты 7-æм этап æмæ ацы касты рæстæджы дæр ноджы иу хатт сбæлвырд ис Гуырдзыстоны æнтыстытæ экономикон цæстæнгасæй, сæрмагондæй экономикон кризисы дзуаппæн хицауад, бизнесæн æххуысы нысанæн цы конкретон план бакуыста уый – фехъусын кодта Гуырдызстоны хицауады рабадтыл Гуырдзыстоны премьер-мсинистры хæстæ æххæстгæнæг Гиорги Гахариа.
Хицауады сæргълæууæгы хæстæ æххæстæгæнæгы дзырдæй, зæгъгæ Æхсæнадæмон Валютон Фонды прогнозмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны экономикон рæхзынад 4,3 процентмæ хæстæг у, фæлæ ма батыдта, цæмæй иунысанонæй хъуамæ адарддæр уа структурон реформæтæ æмæ хъусдард здæхт уа макроэкономикон бæрæггæнæнтæ сæххæсты дисциплинæмæ.
«Уый æххæссы мах алкæмæ дæр, уымæн йæ хъуыдыйы дары куыд хардзты, афтæ æфтиæгты хай, æнæмæнгхъæугæ у 20221 аз тынг хъавгæйæ æмæ æмбаргæйæ арвитæм. Уый у посткризисон цырд экономикон сæндидзын кæныны потенциал, кæцы ма хъуамæ фесафæм куыд бæстæйы экономикæйы, афтæма нæ æмбæстæгтæн иууылдæр. Фæнды мæ банысан кæнын, цæмæй Гуырдзыстон уыд фыццаг бæстæ, кæцы Æхсæнадæмон Валютон Фондимæ пандемийы уавæрты экономикон кризисон программæ сбæлвырд кодта æмæ нын уымæй фæзындис фадат, доннор организацитæй рæхджы райстаиккам æххуыс» – банысан кодта Гиорги Гахариа.