Гиорги Гахариа – Гуырдзыстон у стыр фадæтты бæстæ, хицауады æрыппæрст æмæ фæфæлдæхт та ивгъуыды ныууагъдтам
Хицауад æрыппарыны архайд сын цалдæр хатт уыд фæлæ сын иу хатт ницы рауадис, нæдæр сын фидæны рауайдзæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа райхъусын кодта.
Ацы комментарийæ Гахариа дзуапп ратта, Вано Мерабишвилийы абоны куырдиатæн хицауад æрыппарыны фæдыл.
Гахариайы дзырдæй, хицауады нысан у сомбон, фидæн, фидар Гуырдзыстон, кæцы, хицауады æрыппæрсты æмæ фæфæлдæхты нæ фæлæ – фадæтты бæстæ у.
«Ацы темæйыл абон ныхас кæнын мæ бынтон нæ фæнды, фæлæ ноджы иу хатт сбæлвырд кæндзыæн, цæмæй «Националон Змæлд» у зноны бон, мах та хъуамæ хъуыды кæнæм сомбоны тыххæй, хъуамæ аразæм æмæ кусæм, цæмæй ацы бæстæ уа, быцæусидтытæ æмæ фæфæлдæхтыты бæстæ нæ фæлæ, уа фæсивæдæн стыр фадæтты бæстæ. Æмтгæй райсгæйæ куы зæгъæм, ацы зноны бон у тыхдзинады бон, абон сæрибарæй уæвны фыццаг минутты адæймаг дзуры, цæмæй æрыппардзынæн дам хицауад, ацы ныхæстæй, кæрон скæнын кæнæ фæивын нæ зæгъы фæлæ, дзуры æрыппардзынæн дам. Цæй ма афтæ æрныхас кæнæм, цæмæй мах кæсæм фидæнмæ. Æрыппарыны архæйдтытæ сын цалдæр хатт уыдис, фæлæ сын иу хатт дæр нæ рауад. Нæдæр сын ерын рауайдзæн исты. Нæ нысан у сомбон, фидæн фидар Гуырдзыстон, кæцы у стыр фадæтты бæстæ. Хицауады æрыппæрст æмæ фæфæлдæхтытæ та ивгъуыды ныууагъдтам» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Гуырдзыстоны раздæры премьер-министр æмæ мидхъуыддæгты раздæры министр. Вано Мерабишвили æфхæрдæххæстгæнæн уагдон абон сæумæрайсом ныууагъда.
А.х. Матросовы ахæстонæй рацыды фæстæ, Мерабишвили журналисттимæ сарызта куырдиæттæ. «Дæттын уын гаранти, цæмæй иу афæдзмæ ацы хицауад фæуыдзæн» – банысан кодта Вано Мерабишвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Абоны хицауады æрыппарыны фæстæ, политахстгондтæн, ацы ахæстоны дуар фегом уыдзæн».