Гиорги Гахариа – Глобалон сабырады Гуырдзыстоны роль хъуамæ тыхджындæр кæна æмæ фæстагмæ, хъуамæ æрхæццæ уæм евро-атлантикон интеграцимæ
Гуырдзыстоны роль глобалон сабырады хъуамæ ноджы тынгдæр кæна æмæ фæстагмæ, ахæм ахуыртæй нæ партнертимæ иумæ, æмбынатиндзинад райрæзын кæныны фæрцы хъуамæ æрхæццæ уæм евро-атлантикон интеграцимæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа бирæнацион ахуыр, «Аккаг Партнер 2020»-ы байгомыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Афтма йæ ныхæстæм гæсгæ, ахуыр зæгъгæ у æфсады сегасдæр ахсджиаг компонент, цæмæй Гуырдзыстоны евро-атлантикон интеграци, æппынфæстагмæ сæххæстæуа.
«Алчи хорз æмбарæм, æмæй бонæй-бон хуыздæр хъуамæ кæнæм нæ æфсады уавæр, сæ ифтонгæрзтæ, сæ хæрздзæринад м алчи хъуамæ æмбарæм, ахæм ахуыртæ Гуырдзыстоны алкæцы æмбæстагы æмæ нæ бæстæйы æмæ нæ паддзахады ссабырады гарант кæй у уый. Уымæй уæлдай ма зондзыстут, Гуырдзыстоны æфсæддон тыхтæ активон хайад кæй исынц æндæр æмæ æндæр сабырадон мисситы, куыд Евроцæдисы эгидæйæ, афтæ АИШ-ы эгидæйæ, нæ æхсæнадæмон партнерты эгидæйæ. Алчи хорз æмбарæм уый æмæ ахæм ахуыртæ нæ æфсæддæттæн дæттынц фадат, аккаг дарой мундир, уымæн æмæ дзæбæх хъуамæ æмбарæм уый æмæ Гуырдзыстоны роль глобалон сабырады, тыхджынæй тыхджындæр хъуамæ кæна æмæ æппыфæстаг, ахæм ахуыртæй, нæ партнертимæ иумæ æмбынатиндзинад райрæзын кæныны фæрцы хъуамæ æрхæццæ уæм евро-атлантикон интеграцимæ. Стыр бузныг уын фыццаджы дæр аккаг службæйы тыххæй. Бузныг нæ уазджытæн, нæ партнертæн, уымæн æмæ дзæбæх хъуамæ æмбарæм, цææмй Гуырдзыстонæн уый у иттæг нысаниуæгджын, уый у нæ райсом æмæ уый у нæ евро-атлантикон интеграци. Æппынфæстаг мæ фæнды зæгъын, цæмæй ацы ахуыртæ никæй ныхмæ не сты, ацы ахуыртæ сты Гуырдзыстоны иргъæфхъомад фæтыхджын кæнынæн æмæ уый у Гуырдзыстоны алы æфсæддоны æмæ алы æмбæстагы хæс. Ноджы иу хатт бузныг аккаг службæ кæныны тыххæй», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.