Гиорги Гахариа – фыццаг бæстæ, кæцыимæ нын уыдзæн æдас, цъæх къæлидор, куыд фæбæрæг афтæмæй, Израиль уыдзæн
Гуырдзыстон хъуамæ уа иуæй-иу фыццаг бæстæ, кæцы бафæраздзæн туризм фегом кæнын, туризмы скусын кæнын æмæ бæстæйы уазджыты райсын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа хицауады рабадтыл фехуъсын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фæнысангонд фарстæмæ гæсгæ, цалдæр бæстæимæ æнтыстджын бадзырдтæ цæуынц.
«Абон нын зæгъæн ис, цæмæй цалдæр бæстæимæ æнтыстджын бадзырдтæ уадзæм, кæцы иууы тагъд, махæн райсинаг фæстиуæг æрхæсдзæн. Фыццаг ахæм бæстæ, бæрæг куыд у афтæмæй, уыдзæн Израиль, кæцыимæ нын уыдзæн æдас, цъæх къæлидор, кæцыйы фæрцы нæм уыдзæн фадат, цæмæй Гуырдзыстоны иууыл тагъд райсæм уазджыты, туристты ацы бæстæйæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй сын сæ æнæниздзинадыл аудгæйæ сфысым кæнæм нæ бæстæмæ куыд æмбæлы», – загъта премьер-министр.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, активон бадзырдтæ цæуынц Чехиимæ, Польшæйимæ, Балтийы бæстæтимæ, Австриимæ æмæ Гуырдзыстоны сыхаг бæстæтимæ.